Ӕнахъомты барадон ахуырдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнын у барадон культурӕ аразыны ӕмӕ закъонмӕ бӕрнон цӕстӕй кӕсыны ахсджиаг рахӕцӕн. Дзауы районы Прокурор Гӕззаты Георги астӕуккаг иумӕйагахуырадон скъолайы хистӕркъласонтӕн бакаст лекци ахӕм темӕйыл: Бӕрн: уӕ равзӕрст ӕмӕ йӕ аргъ. Хистӕркъласонты ӕхсӕн фыдракӕндты профилактикӕ".
Фембӕлды активонӕй ныхас цыд административон ӕмӕ уголовон бӕрндзинады фарстатыл. Уӕлдай ӕргом здӕхт ӕрцыд фӕсивӕды ӕхсӕн ӕгъдаухалӕнтӕм, куыд давд, цӕстфӕлдахӕн митӕ, наркотиктӕ ӕмӕ психотропон буаргъӕдты ӕнӕзакъон зылд, знаггад ӕмӕ ӕнӕниздзинадӕн зиан ӕрхӕссынмӕ. Бахахх кодтой, профилактикӕйы ахсджиагдӕр хӕйттӕ кӕй сты критикон хъуыдыкӕнынады рӕзт, хи бӕрнондзинад ӕмӕ дызӕрдыггаг хъуыдыйӕдтӕ аиуварс кӕнын зонын.
Прокуратурӕ цы лекцитӕ ӕххӕст кӕны, уыдон арӕзт сты ӕнахъомты 'хсӕн барадон ӕмбарынад ӕмӕ барадон культурӕйы ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕныны тыххæй, фыдракӕндтӕн бафӕдзӕхсынмӕ ӕмӕ критикон хъуыдыкӕнынады ӕмӕ ӕгъдауылхӕст уагахасты фидар арӕхстдзинӕдтӕ аразыны тыххæй.
Фембӕлды кӕрон Гӕззаты Георги бахахх кодта прокуратурӕйы сӕрмагонд ахадындзинад, куыд закъонад ӕмӕ барадон фӕткӕвӕрды хъахъхъӕнӕг оргӕн, фӕнысан кодта паддзахады, скъолайы ӕмӕ бинонты иумӕйаг архайды ахадындзинад ӕрыгон фӕлтӕры барадон бӕрндзинад хъомыл кӕныны хъуыддаджы.