2024 азы сусæны мæйы 14 боны Дзауы цӕрджыты 'хсӕн рауад хыл, кӕцыйы рӕстӕджы гуырысхойагмӕ, нозтджынӕй, фӕзынд фыдӕхдзинад хъыгдард баййафӕгмӕ. Гуырысхойаг систа, йӕ цуры цы цыргъ сындз-лыггӕнӕн дзаума уыд, уый ӕмӕ дзы хъыгдард баййафӕгмӕ йӕ риуыгуыдыр ӕмӕ йӕ бӕрзӕйсӕттӕн хайы цыппар цӕфæй къаддӕр нӕ ныккодта.
Хъыгдард баййафӕг ласт ӕрцыд республикæйы РММЦ-мӕ хъӕугӕ медицинон ӕххуыс бакӕнынӕн гуырысхойаджы фыдракӕнды архайды фӕстиуӕгӕн. Ацы цауы фӕдыл Дзауы районы прокуратурӕ байгом кодта уголовон хъуыддаг, Уæрæсейы Уголовон Кодексы 30-æм уацы 3-æм хаймæ гæсгæ ӕмӕ 105-æм уацы 1-æм хаймæ гæсгæ (марыны фӕнд).
Ныртӕккӕ ацы уголовон хъуыддаджы фӕдыл ӕххӕстгонд цӕуынц хъӕугӕ фӕдсгарӕн-оперативон мадзӕлттӕ фыдракӕнды ӕппӕт уавӕртӕ сбӕрӕг кӕнынӕн.