Дзауы районы прокуратурæ Хуссар Ирыстоны 1974 азы гуырд æмбæтаджы ныхмæ байгом кодта уголовон хъуыддаг. Аххосджын цæуы УФ УК 109 уацы 1 хайы фыдракæндмæ гæсгæ (æнӕрхъуыдыйӕ мӕлӕт ӕрхӕссын)
Фæдагуырдмæ гæсгæ, 2026 азы зæрдæвæрæны мæйы 21 бон æмбæстæгты къорд, уыдон нымæцы 1974 азы гуырд æфхæрд баййафæг, ацыдысты Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Згъубиры хъæумæ улæфынмæ. Æхсæв 22 сахат æмæ 15 минутыл амынд æмбæстæгтæ хъавыдысты Стыр Леуахийы сæрты ауыгъд хидыл рахизын, кæцы уыцы рæстæг уыд ивылд. Хиды астæу лæугæйæ, аххосджын йæ хъус не 'рдардта æдасдзинады мадзæлттæм, æмæ цæмæй иннæ æмбæстæгты фæтæрсын кодтаит, уый тыххæй хид змæлын кæнын райдыдта. Афтæмæй, ницæмæ æрдардта æфхæрд баййафæджы ныхæстæ. Уый аххосæй сылгоймаг æмæ нæлгоймаг доны ныххаудтой. Нæлгоймаг йæхи тыхтæй донæй рахызт, цау кæм æрцыд, уымæй 150 метр дарддæр. Æфхæрд баййафæджы ивылд дон аласта. Агурæн-ирвæзæн операци уагъд цыд æртæ боны. 2026 азы зæрдæвæрæны мæйы 24 бон сылгоймаджы ссардтой Стыр Леуахийы, цау кæм æрцыд, уымæй 35 км дарддæр. Рагагъоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гæсгæ, сылгоймаджы мæлæт æрцыд аххосджыны архайдтыты тыххæй.
Ныртæккæ уголовон хъуыддаджы тыххæй уагъд цæуынц æнæмæнгхъæуæг фæдагурæн мадзæлттæ, кæцыты фæрцы сбæлвырд уыдзысты фыдракæнды уавæртæ.
Снысан кодтой тӕрхонон-медицинон экспертизӕтӕ. Уголовон хъуыддаджы фæдсгæрст дарддæр цæуы.
Хицæнæй æххæстгонд цæуы ауындзгӕ хиды аккаг ӕдасдзинады нормӕты басгæрст.