2025 азы 15-16 майы Грознайы, Цӕцӕны номыл паддзахадон университеты арӕзт ӕрцыд Ӕппӕтадӕмон зонадон конференци "Цӕгат Кавказы адӕмты иудзинад Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты азты: хӕстон ӕмӕ фӕллойадон сгуыхтдзинӕдты азфыст", Уӕлахизы 80 азы кадӕн.
Конференцийы архайдтой Уӕрӕсейы зонадон ӕмӕ ӕхсӕнадон зылдты ӕмӕ хӕстӕг фӕсарӕнты бӕстӕты минӕвӕрттӕ, Республикӕ Хуссар Ирыстонӕй, Казахстанӕй, Белоруссийӕ, Сомихӕй, Азербайджанӕй, Абхазӕй ӕрвыст делегаттӕ дӕр.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны номӕй архайдтой Дзауы районы прокурор, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты уголовон барады кафедрӕйы хистӕр ахуыргӕнӕг Гӕззаты Георги.
Йӕ раныхасы Гӕззаты Георги йӕ хъус ӕрдардта Цӕгат Кавказы адӕмты хӕстон ӕмӕ фӕллойадон сгуыхтдзинӕдты тыххӕй историон ном бахъахъхъӕнын кӕй хъӕуы Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты азты, уый уӕлдай тынгдӕр фӕбӕрӕг кодта Хуссар Ирыстоны ӕвӕрӕн иумӕйаг Уӕлахизмӕ.
Прокуратурӕйы минӕвары архайд бахахх кӕны ӕмгуыстадмӕ тырнындзинад, зонадон диалог ӕмӕ ӕхсӕнрегионалон бастдзинӕдтӕ фидар кӕнын.
Конференци ацыд конструктивон ӕмӕ хӕлар атмосферӕйы, равдыста зонадон ӕмӕ ӕхсӕнадон хъомысы иудзинад историон рӕстдзинад бахъахъхъӕныны хъуыддаджы.