А. А. Кадыровы номыл Цæцæны паддзахадон университеты уагъд æрцыд Æхсæнадæмон зонадон конференци «1941-1945 æзты Стыр Фыдыбæстæйон хæст: XXI æнусæй цæстæнгас», кæцы уагъд æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианыл 85 аз кæй сæххæст, уый фæдыл.
Мадзалы хайад райстой Уæрæсейы æмæ фæсарæнты зонадон æмæ ахуырадон æхсæнадты минæвæрттæ. Конференцийы хайад райста Дзауы районы прокурор, Тыбылты А. номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты уголовон бары кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Гæззаты Георгий.
Конференцийы хайадисджыты размæ Гæззаты Георгий рахаста ахæм темæ, куыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвæртты хайбавæрд фашистон Германыл фæуæлахизмæ». Йæ доклад арӕзт уыд Стыр Фыдыбӕстæйон хӕсты Хуссар Ирыстоны автономон областӕй рацӕуӕг адӕмы хъӕбатыр архайды фӕдыл. Йæ раныхасы Гæззаты Георгий æрныхас кодта мобилизацийы масштабыл, Советон Цæдисы Хъайтарты хæстон фæндагыл, фӕсчъылдымы фӕллойадон сгуыхтдзинадтыл, стӕй бавнӕлдта историон ном бахъахъхъӕныны ӕмӕ историйы мӕнгдзинады ныхмӕ ӕрлӕууыны проблемӕтыл. Прокурор бахахх кодта, зӕгъгӕ, чи фӕмард, уыдоны раз хӕс ӕмӕ фидӕны фӕлтӕрты раз удварны бӕрндзинад махӕй домынц хӕсты рӕстдзинадыл ауӕрдын, Райгуырӕн бӕстӕйы сӕрибар ӕмӕ хӕдбардзинады сӕраппонд йӕ цард чи радта, уыдоны нӕмттӕ сӕнусон кӕнын. Уый фӕнысан кодта архивистты, историкты ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг органты иумӕйаг куысты ахадындзинад Хуссар Ирыстонӕй рацӕуӕг адӕмы ӕххӕст номхыгъд сног кӕнынӕн, фронтты чи фӕмард, уыдоны.
Дзауы районы прокуроры архайд конференцийы бӕлвырд кӕны Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы кусджыты активон æмбæстагон позици, сӕ бавӕрӕн хӕстон-патриотон хъомыладмӕ ӕмӕ Стыр Фыдыбӕстæйон хӕсты тыххӕй историон рӕстдзинад бахъахъхъӕнынмӕ.