А. А. Кадыровы номыл Цæцæны паддзахадон университеты уагъд æрцыд Æппæтуæрæсейаг зонадон конференци: «Сӕ нӕмттӕ хъуамӕ рох ма уой...»: декабристтæ Уæрæсейы историон хъысмæты» декабристты сыстады 200-æм азы цытæн (1825-2025).
Конференцийы хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Дзауы районы прокурор Гæззаты Георгий ахæм докладимæ: «Декабристты бынтæ æмæ Кавказы политикон статус агурын».
Доклады хъусдард æрцыд ахм фарстытæм, куыд декабристон змæлды хъуыдыты эволюци æмæ сæ æндæвдад Кавказы политикон процесстыл XIX-XXI æнусты. Стыр хъусдард здæхст æрцыд декабристты программон гæххæттыты анализмæ куыд Кавказы адæмты политикон арæзтады рæстаг формæты агуырд æмæ национ фарстыты контексты.
Гæззаты Георгий бахахх кодта Кавказы адӕмты историон фӕлтӕрддзинады иумӕйагдзинад национ иумæйагдзинад бахъахъхъӕныныл ӕмӕ оптималон политикон статус агурыныл тохы. Банысан кодта Уӕрӕсейы Федерацийы сӕрмагонд роль куыд Кавказы республикӕты ӕдасдзинад ӕмӕ рӕзты гарант, афтӕ, стӕй паддзахады арӕзты федеративон моделы ахадындзинад, бӕстӕйы иудзинад йӕ адӕмты культурон алыхуызондзинад бахъахъхъӕнынимӕ сиу кӕныны фадат кӕмӕн ис, уый.
Раныхасы нысан æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Цæцæны æфсымæрон ахастыты ахсджиагдзинад. Уымæн æвдисæн у Цхинвалы арæзт кæй æрцыд Цæцæны фыццаг президент, Уæрæсейы Хъайтар Кадыров Ахмат-Хаджийы номыл сывæллæтты сфæлдыстадон центр, кæцы нысан кæны сомбоны фæлтæрыл аудыны символ æмæ республикӕты ӕхсӕн хӕлар бастдзинӕдтӕ фидар кӕнын.
Гæззаты Георгийы раныхас хайадисджытæм сæвзæрын кодта цымыдис. Афтæ ма æрныхас кодтой университетты 'хсӕн дарддӕры зонадон ӕмгуыстады ӕмӕ академион ивддзинӕдты рӕзты перспективӕтыл.