Лекци «Табелон службӕйон хӕцӕнгарзимӕ архайгӕйӕ нӕнхъӕлӕджы цаутӕ: Ярыгины дамбацаимӕ ӕдасӕй кусыны алгоритм ӕмӕ халыны барадон фӕстиуджытӕ» арӕзт уыд службӕйон дисциплинӕ фидар кӕныны, ӕнӕнхъӕлӕджы цаутӕй хи бахизыны ӕмӕ табелон ӕхсӕнгарзимӕ ӕдасӕй архайыны арӕхстдзинӕдтӕ фӕбӕрзонддӕр кӕныны тыххæй. Лекци ауагъта Дзауы районы прокурор Гæззаты Георгий.
Лекцийы рӕстӕг уӕлдай ӕргом здӕхт ӕрцыд хӕцӕнгӕрзтӕ дарӕн уаты кусджыты уагахастмӕ, бар кæй нæй мигæнæн адӕм, къултæ, пъол кӕнӕ хи уӕнгты 'рдӕм здахын, стӕй амонӕн ӕнгуылдз цы ран хъуамæ æвæрд уа, цалынмæ ма фехсай, уæдмæ.
Хицӕнӕй бацагайдтой Ярыгины дамбацайы спецификӕ ӕмӕ алгоритм, лыстӕггай райхӕлдтой хӕцӕнгӕрзтӕ халыны къӕпхӕнгай фӕтк. Дзауы районы прокурор Гӕззаты Георги уӕлдай тынгдӕр бахахх кодта фыццаг архайд сӕххӕст кӕныны хӕс – дамбацайы хӕцӕнӕй дукани сисын цыфӕнды манипуляциты райдианмӕ дӕр.
Сӕрмагонд скондӕн бамбарын кодтой ӕнӕнхъӕлӕджы ӕхсты кӕнӕ цӕфы рӕстӕджы уӕлрадон дзуаппы алгоритм.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны «Милицӕйы тыххӕй», «Хӕцӕнгӕрзты тыххӕй» Закъонтæм гæсгæ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады уагдонадон бардзырдтӕм гӕсгӕ сӕрмагонд сконд базонгӕ бӕрнондзинады мадзӕлттимӕ, стӕй ма сын бамбарын кодтой, хӕцӕнгарзимӕ архайды ӕгъдӕуттӕ халын йӕ фӕдыл кӕй расайы дисциплинарон, материалон ӕмӕ уголовон бӕрндзинад.