Дзауы районы прокуроры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Гӕззаты Георгий лекци бафарста Дзауы районы милицӕйы участокты ӕххӕстбарджынтӕн милицӕйы кусджыты барадон ахуырдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕныны охыл.
Лекци арӕзт уыд кусджыты зонындзинӕдтӕ фӕфылдӕр кӕнынмӕ сӕ архайды сӕйраг аспекттыл, прокуратурӕимӕ ӕмархайдыл ӕмӕ районы территорийыл барадон уагӕвӕрд сифтонг кӕныны сӕйраг хӕстыл.
Лекцийы рӕстӕг Гӕззаты Георгий бахахх кодта, зӕгъгӕ, участочы ӕххӕстбарджынтӕ сӕйраг бынат ахсынц ӕхсӕнадон уагӕвӕрд ӕмӕ ӕмбӕстӕгты бартӕ хъахъхъӕныны хъуыддаджы, уӕлдайдӕр та бынӕттон ӕмвӕзадыл.
Уӕлдай хъусдард аздӕхтой, раздӕр тӕрхонгонд кӕмӕн уыд, уыцы адӕймӕгты ӕмӕ тӕссаг уавӕры чи ис, уыцы граждӕнты ' хсӕн фыдракӕндты профилактикӕйы фарстатӕм. Бахахх кодтой регулярон профилактикон ныхасты ахадындзинад, цӕрджытимӕ активон ӕмархайд ӕмӕ рӕвдз дзуапп дӕттын, гӕнӕн кӕмӕн ис, ахӕм фыдракӕндты тыххӕй сигналтӕн.
Фембӕлды рӕстӕг ныхас цыд, административон ӕгъдаухалӕнты хъуыддӕгты фӕдыл протоколтӕ раст саразын кӕй хъӕуы, ууыл.
Ноджы ма ӕркастысты, участоктӕ протоколтӕ аразгӕйӕ цы сӕйраг рӕдыдтытӕ уадзынц, уыдонмӕ, лӕвӕрд сын ӕрцыд рекомендацитӕ административон практикӕйы хӕрзхъӕддзинад фӕхуыздӕр кӕныны тыххӕй.
Ӕркастысты прокуратурӕимӕ ӕмархайды аспекттӕм барадон архайды фӕрстыты фӕдыл, ӕрмӕджытӕ афоныл дӕттыны ӕмӕ административон ӕмӕ уголовон хъуыддӕгты цыды тыххӕй хъусынгӕнинӕгты фӕрстытӕм. Участочы ӕххӕстбарджынтӕ базонгӕ сты прокуратурӕйы оргӕнтӕм ӕрмӕджытӕ раттыны хӕрзхъӕддзинад ӕмӕ рӕвдздзинады домӕнтимӕ.
Ӕнӕ хъусдардӕй нӕ баззадысты граждӕнтимӕ ныхас кӕнгӕйӕ профессионалон этикӕ ӕххӕст кӕныны фарстатӕ, ӕнӕгъдаудзинады, объективондзинады ӕмӕ рӕстдзинады ахадындзинад участокон ӕххӕстбарджынты архайды.
Лекцийы кӕрон Гӕззаты Георгий рекомендацитӕ радта участокты ӕххӕстбарджын милицӕйы профессионалон службӕйы архайды ахадындзинад фӕбӕрзонддӕр кӕныны тыххӕй. Лекци стыр ахъаз фӕци Дзауы районы участочы ӕххӕстбарджын милицӕйы профессионалон цӕттӕдзинады ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕнынӕн.
Дзауы районы прокуратурӕ адарддӕр кӕндзӕн ахӕм мадзӕлттӕ аразыны практикӕ милицӕйы кусджыты куыст фӕхуыздӕр кӕныны ӕмӕ районы территорийыл барадон ӕгъдау фидар кӕныны тыххӕй.