Горӕт Цхинвалы прокуратурӕ фӕлхасадон базары ӕмӕ Администрацийы лӕггӕдты хайады архайд басгӕрсты рабӕрӕг кодта, хайады тыххӕй Уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ цы нормӕтӕ нысангонд ис, уыдон халӕн митӕ.
Ноджы рабӕрӕг сты цхинвалы 1-ӕм горӕты базары куысты хайы финансон-хӕдзарадон архайды уагхалӕнтӕ, номхуындӕй та Республикӕ Хуссар Ирыстоны "Æнӕмӕнг пенсион фӕдзӕхстады тыххӕй" Закъоны нормӕтӕ ӕмӕ Закъон "Бухгалтерон хыгъд ӕмӕ хыгъды тыххӕй" халӕнтӕ.
Паддзахадон унитарон куыстуат "БОН"-ы архайд басгӕрсты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ ритуалон лӕггӕдты къабазы рабӕрӕггонд уагхалӕнтӕ дзурӕг сты, горӕты уӕлмӕрдты ӕхцайы фидаргонд фарстамӕ ӕркӕсын кӕй хъӕуы, ууыл, стӕй ингӕнты мӕкъуылы тыххӕй столицӕйы Администрацийы Коллегийы фидаргонд тариф райсыныл ӕмӕ сфидар кӕныныл.
Бӕрӕггонд уагхалӕнтӕ аиуварс кӕныны охыл горӕты Администрацимӕ хаст ӕрцыд бавдыст; ноджы ма Администрацийы сӕргълӕууӕгмӕ ӕрвыст ӕрцыд информацион фыстӕг, дӕлзонд организациты архайды мадзӕлттӕ саразыны тыххӕй.