Цы фембӕлдтытӕ арӕзтой, уыдоны сӕйраг темӕтӕ уыдысты: "Ӕнахъомты административон æмӕ уголовон бӕрндзинад" ӕмӕ "Социалон хызты хи дарыны æгъдӕуттӕ".
Гимназ "Альбион"-ы ахуырдзаутимӕ фембӕлды г.Цхинвал прокуроры хӕдивӕг Цоциты Алинӕ сӕйраг сахары мидхъуыддӕгты Управленийы кусӕгимӕ скъоладзаутӕн радзырдтой закъон халыны фӕстиуджыты тыххӕй ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, раст ӕгъдау куыд ӕххӕстгонд цӕуы, уый ахадындзинад.
Уӕлдай хъусдард уыд социалон хызты ӕдас хидарыны фарстатӕм ӕмӕ интернет-цӕстфӕлдахджыты архайдӕй хи хъахъхъӕнынмӕ. Мидхъуыддӕгты Управленийы минӕвар бамбарын кодта, цӕстфӕлдахджыты амӕттаг куыд нӕ фӕуой ӕмӕ интернеты гуырысхойаг уавӕртӕн раст дзуапп куыд дӕттой, уый.
Профилактикон ныхасы рӕстӕджы ма ныхасгонд ӕрцыд криминалон субкультурӕ АУЕ-йы темӕ, кӕцы пропагандӕ кӕны бархалӕн уагахаст ӕмӕ тӕссаг у ӕнахъомтӕн.
Скъоладзаутӕ зӕрдиагӕй архайдтой фембӕлды: дзуапп лӕвӕрдтой закъоны минӕвӕртты фӕрстытӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр лӕвӕрдтой, цы фарстатӕ сӕ цымыдис кодтой нысангонд темӕтӕм гӕсгӕ, уыдон.
Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕнӕм, лекцитӕ арӕзт ӕрцыдысты сӕйраг сахары прокуроры уынаффӕмӕ гӕсгӕ барадон ахуырдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕныны ӕмӕ ӕнахъомты 'хсӕн фыдракӕндты профилактикӕйы тыххӕй. Ӕввахс рӕстӕг ахӕм мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцӕудзӕн горӕты иннӕ ахуырадон уагдӕтты дӕр.