Цхинвалы цӕрӕгыл милицӕйы кусджыты ныхмæ тыхми ӕмӕ ӕфхӕрыны тыххæй цы уголовон хъуыддаг байгом кодтой, уый Цхинвалы прокуратурӕ арвыста Цхинвалы горӕты тӕрхондонмӕ аххосджынгӕнӕг уынаффӕимӕ бӕстондӕр ӕркӕсыны тыххӕй.
Уголовон хъуыддаг байгом кодта Цхинвалы прокуратурӕ ацы аз зæрдæвæрæны мæйы УФ УК 318 уац 1 хай ӕмӕ 319 уац 1 хаймæ гæсгæ. Аххосджынгонд тæрхоны агъоммæ уыдзæнис ахст.