Цхинвалы мидхъуыддӕгты Управленийы кусджытæн уагъд æрцыд лекци, кæцы ауагъта Цхинвалы прокурор Джиоты Эдвард ахӕм темӕйыл: "Фыдракӕнды тыххӕй хъусынгӕнинагмӕ ӕркӕсыны фӕтк. Уголовон хъуыддаг байгом кӕныны ныхмӕ (УФ УПК-йы уацты амындимӕ)".
Лекцийы сӕйраг нысан уыд амынд темӕйы ахадындзинад фӕнысан кӕнын, уымӕн ӕмӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты уголовон хъуыддаг байгом кӕныны къӕпхӕн бӕрӕг кӕны фыдракӕнды тыххӕй хъусынгӕнинаджы дарддӕры хъысмӕт. Уыцы къӕпхӕны ӕрмӕджытӕм цас раст ӕмӕ закъонмӕ гӕсгӕ ӕркӕсой, уымӕй аразгӕ у æмбæстæгты бартӕ ӕмӕ закъонон интерестӕ, стӕй фыдракӕндты ныхмӕ тохы ахадындзинад.
Лекцийы рӕстӕджы ӕркастысты амынд темӕйы цалдӕр ахсджиаг ӕмӕ сӕйраг аспектмӕ: скусын кӕныны къӕпхӕны ӕмбарынад ӕмӕ нысаниуӕг, фыдракӕнды тыххӕй хъусынгӕнинаджы ратӕдзӕнтӕ, фыдракӕнды тыххӕй хъусынгӕнинагмӕ ӕркӕсыны ӕмӕ йӕ аскъуыддзаг кӕныны фӕтк, уголовон хъуыддаг байгом кӕныны хъуыддаг нӕ саразыны нысан, разӕнгард кӕныны институты ахадындзинад.
Сахары мидхъуыддæгты управленийы кусджытӕ активондзинад ӕмӕ цымыдис ӕвдыстой цы темӕйыл цыд дзырд, уый фæдыл. Сæ цымыдис равдыстой, цы фарстытæ дæттой, уыдонæй. Афтæ ма алыхуызон уавӕрты архайдӕн уӕвӕн кӕмӕн ис, ахӕм пълан ӕвзæрстой. Лекцийы рӕстӕджы ма ныхас цыдис мидхъуыддæгты управленийы кусджыты практикӕйӕ дӕнцӕгтыл, сӕ фарстытӕн сын Джиоты Эдвард бӕстон дзуаппытӕ ӕмӕ арф анализ радта.
Лекцийы кӕронбӕттӕны бӕрӕггонд ӕрцыд, уголовон хъуыддаг байгом кӕныны къӕпхӕн ӕмӕ йӕ цырен кӕныныл нӕ разы кӕныны институт кӕй сты уголовон рӕстдзииады системӕйы сӕйраг хӕйттӕ, УФ УПК-йы ӕмбӕлон нормӕтӕм гӕсгӕ уагӕвӕрдтӕ, стӕй фыдракӕндты тыххӕй хъусынгӕнинӕгтӕм раст ӕмӕ афойнадыл ӕркӕсын, уыцы къӕпхӕны бындурон уынаффӕтӕ хӕссын – адӕймаджы ӕмӕ æмбæстаджы бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинӕдтӕ эффективон хуызы хъахъхъӕнын, закъонад ӕмӕ барадхъахъхъӕнын паддзахады.
Лекцийы рӕстӕг ныхас цыд, УФ-ЙЫ УПК-мӕ 27.04.2007 азӕй цы ивддзинӕдтӕ бахаста, уыдоныл, ома, Республикӕ Хуссар Ирыстоны цы редакци кусы, уымӕй.
Ахуыры хатдзӕгтӕм гӕсгӕ ӕрфарсты руаджы сбӕлвырд ӕрмӕджы базоныны хъуыддаг.