Ленингоры районы Администрацийы ахуырады хайады ӕмӕ йӕ дӕлбар кусӕндӕтты басгӕрсты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, Ленингоры районы прокуратурӕ байгом кодта уголовон хъуыддаг, УФ УК 159 уацмæ гӕсгӕ (цӕстфӕлдахӕн ми) рагзагъд фыдракӕнды ӕууӕлтӕм гӕсгӕ.
Ныртӕккӕ ӕххӕстгонд цӕуынц фӕдсгарӕн мадзӕлттӕ фыдракӕнды ӕппӕт уавӕртӕ сбӕрӕг кӕнынӕн.