Республикæ Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы прокуратурæйы кусджытæ районы мидхъуыддæгты Управленийы æнахъомты хъуыддæгты инспекцийы кусджытимæ иумæ ауагътой ахуырадон мадзæлттæ, кæцытæн сæ сæйраг нысаниуæг у æнахъомты æхсæн барадхалæн хъуыддæгты æмæ фыдракæндты профилактикæ.
Фембæлды рæстæджы Ленингоры 1-аг æмæ 2-аг астæуккаг ахуыргæнæндæтты, Икъоты, Цъинагары, Орчъосаны æмæ Захъхъоры скъолаты ахуыргæнинæгтæн бамбарын кодтой Конституцийы сæйраг нормæтæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æндæр закъæттæ, афтæ ма бамбарын кодтой ахæм æмбарынæдтæ, куыд фыдракæндтæ, тæрхондоны аххосæгтæ æмæ сæ цы фæстиуджытæ расайынц, уыдон.
Уæлдай хъусдард здæхт уыд наркомани, алкоголизм æмæ сывæллæтты ахæм интернет-ресурстæм бакæныны тæссагдзинад, кæцытæ разæнгард кæнынц æнахъомты фыдракæндтæм, уыдоны нымæцы терроритон здæхтимæ.
Фембæлды кæрон прокуророрн кусджытæ æмæ Ленингоры районы мидхъуддæгты Управленийы кусджытæ радтой æмбæлон дзуаппытæ сывæллæтты фарстытыл, бамбарын сын кодтой царды алыхуызон уавӕрты архайды фӕтк ӕмӕ сын раргом кодтой информаци фыдракӕндтӕй бахизыны тыххӕй.