Цхинвалы районы прокуратурӕ байгом кодта уголовон хъуыддаг, Уæрæсейы Уголовон Кодексы 264 уацы 3 хайы рагзагъд фыдракӕнды ӕууӕлтӕм гӕсгӕ (хӕдтулгӕ, кӕнӕ ӕндӕр механикон транспортон фӕрӕз чи скъӕры, уыцы адӕймаджы фехӕлд, фӕндагон змӕлды кӕнӕ транспортон фӕрӕзты пайдакӕнынады уагӕвӕрдтӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ адӕймаджы мӕлӕт кӕй расайдта, уый).
Рагагъоммӕйы фӕдсгӕрст куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй 2025 азы 26 майы Цхинвал-Дменисы фӕндагыл ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау рог хӕдтулгӕйы шофыр, хъыгдард дзы баййӕфта дыууӕ бӕлццоны; пассажиртӕй иу – 30-аздзыд сылгоймаг амард фӕндагыл, цалынмæ рынчындонмӕ нӕ бахӕццӕ, афтæ. Ныртӕккӕ ӕххӕстгонд цӕуынц фӕдсгарӕн мадзӕлттӕ, цауы ӕппӕт нысан-рабӕрӕг кӕныны уавӕртӕ.Конд æрцыд уголовон хъуыддаг фӕндагон транспортон цауы фӕдыл, кæцы æркодта адӕймаджы мӕлӕтмæ
28.05.2025 11:06