Цхинвалы районы прокуратурӕ дарддӕр йӕ куыст кӕны ӕнахъомты барадон ӕгъдау фæбæрзонддæр кæнын, ӕхсӕнадон моралы нормæтæм æмæ закъонмæ аргъгӕнӕг цӕстӕнгас аразыны тыххæй.
Районы прокуратурæйы кусæг Гæбæраты Земæ фыццаг фембæлд ауагъта Дменисы астæуккаг скъолайы ахуырдзаутимæ.
Фембæлды рæстæджы прокуророн кусæг бацагайдта ахæм хъомыладон темæтæ, куыд скъоладзауты уагахаст скъолайы æмæ уый æддейæ, тамакойы æмæ наркотикты зиан.
Уæлдай хъусдард здæхт æрцыд æнахъомты бæрндзинадмæ, куыд моралон, афтæ барадон бæрндзинадмæ. Прокуророн кусæг бамбарын кодта моралон бæрндзинад кæй у не ‘фсарм, кæцы нæ разæнгард кæны йӕ архайды бӕрнондзинад ӕмбарынмӕ ӕмӕ удварны уагмӕ. Барадон бӕрндзинад, ӕвдыст цӕуы закъонмӕ гӕсгӕ ӕвӕрд мадзӕлттӕй — административон ӕмӕ уголовон ӕфхӕрдтытӕй — ӕххӕстгонд ӕгъдаухалӕнты тыххӕй.
Скъоладзаутæн бамбарын кодтой цал азæй æрлæууы барадон бæрндзинад æмæ цавæр барадхæлдтыты тыххæй. Банысан кодтой, закъоны æнæ зонын кæй нæ сæрибар кæны бæрндзинадæй.
Фембæлды хайад райстой Цхинвалы районы мидхъуыддæгты управленийы æнахъомты хъуыддæгты хайады кусджытæ. Уыдон дæнцæгтæ хастой сæ практикон куыстæй æмæ дзуаппытæ лæвæрдтой скъоладзауты фарстытыл.
Ахæм профилактикон мадзæлттæ дарддæр уагъд цæудзысты Цхинвалы районы иннæ ахуыргæнæндæтты дæр.