Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры амынды бындурыл, Республикӕ Хуссар Ирыстоны геологи ӕмӕ ӕрдзхъахъхъӕнынады Комитет бардзырд кӕй рахаста «Республикӕ Хуссар Ирыстоны зӕххыл 2025 азы кӕсӕгты спортивон-уарзаг ахсын æппындæр кæй нæй гæнæн» уый тыххæй, кæцы æппындæр бар нæ дæтты кæсаг ахсын республикæйы цæугæдæтты æмæ донмарæнты 15.08.2025 азӕй 31.12.2025 азмӕ, уымæ гæсгæ Цхинвалы районы прокурор ауагъта оперативон ӕмбырд Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты Управленийы разамындимӕ. Лæвæрд æрцыдысты амындтæ, цæмæй Цхинвалы районы цӕрджытӕн фехъусын кæной, æппындæр кæй нæй гæнæн кӕсаг ахсын, афтæ ма фехъусын кæной ацы бардзырд фехалыны тыххæй кæй ис административон ӕмӕ уголовон ӕфхӕрдтытæ. Æмбырды рæстæджы уыд лæвæрд амынд рейдон мадзӕлттӕ аразыны ӕмӕ Цхинвалы районы территорийыл амынд архайд карзӕй бауромыны тыххӕй.
Ноджы, цӕттӕгӕнӕн (хъармгӕнӕн) сезон кӕй ралӕууыд, уымӕ гӕсгӕ баргонд ӕрцыд рейдон мадзӕлттӕ саразыны тыххӕй Цхинвалы районы зӕххыл ӕнӕзакъонӕй хъӕд цӕгъдыны хъуыддаг бауромыны тыххӕй.