Æнæнысангонд сæрмагонд маркæты (акцизты) æмæ идентификацийы фæрæзтæй тамакойы продукци физикон цæсгомæй æнæзакъонæй ласыны тыххæй, Знауыры районы прокурор административон барадхæлды тыххæй хъуыддаг бакæныны уынаффæ рахаста.
Банысан кæнæм, Хуссар Ирыстоны дыууæ æмбæстаджы хæдтулгæйыл уыдысты арæны зонæй. «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны тыххæй» Закъонмæ гæсгæ арæны службæ æрдомдтой æмбæстæгты гæххæттытæ, æмæ байгом кæнын кодтой хæдтулгæ дуæрттæ æмæ багажник, цæмæй йæ феной. Хæдтулгæ сгаргæйæ, автотранспорты фæстаг бандæттыл ссардтой тамакойы къопп. Багажник уынгæйæ, арæны кусджытæ æрдомдтой, цæмæй багажникы бын дæр феной, фæлæ хæдтулгæйы хицау разыйы дзуапп нæ радта. Арæны кусджытæ æмбæстагæн йæ зæрдыл æрлæууын кодтой, уый кæй у административон барадхалæн, фæлæ уæддæр æмбæстаг не сразы багажникы бын бакæнын.
Басгæрсты рæстæджы хæдтулгæйы арæны службæйы кусджытæ ссардтой тамакойы продукци, кæцытыл нæ уыд нысангæнæн сæрмагонд маркæтæ æмæ идентификацийы фæрæзтæ. Афтæ ма сыл нæ уыд, тамако зиан кæй хæссы, ахæм фæдзæхсты фыстытæ, æмæ уый халы Республикæ Хуссар Ирыстоны «Тамако æмæ тамакойы продукци»-закъоны 8 æмæ 11 уацтæ.
Тамакойы продукци ист æрцыд протоколмæ гæсгæ.
Æмбæстаг бамбарын кодта, тамакотæ Цхинвалы ТЭК-ы баразы кæй æрцыдысты æлхæд, цæмæй сæ йæ дуканийы ауæй кодтаит, æмæ сæ сыхаг бæстæмæ аласын нæ фæнд кодта.
Арæны службæйы бардзырд кæй нæ сæххæст кодта, уый тыххæй Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы ныхмæ административон бæрндзинад домд æрцыд. Афтæ ма УФ КоАП-ы 14.53.1 хаймæ гæсгæ йæ ныхмæ гом æрцыд административон барадхæлды тыххæй хъуыддаг.
Административон барадхæлды тыххæй æрмæджытæм æркæсгæйæ, Знауыры районы тæрхондон Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы аххосджыныл банымадта, æмæ йын рахаста административон æфхæрд административон ивары хуызы.