9 май у ахсджиаг мысинаг нӕ нæ фыдæлты, фыдыфыдты æмæ фыдыфыдæлты хъæбатырдзинадæн, кæцытæ æгæрон нывонды аргъæй бахъахъхъæдтой Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад, ныппырх кодтой фашизм, æмæ дуне фервæзын кодтой нацистон æфхæрдæй.
Абон дӕр историон мысинаг мах ӕнгомдӕр кӕны ног зындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕртхъирӕнты ныхмӕ, фидар нын кӕны нӕ иумӕйаг ныфс дуне хъахъхъӕнын, цæмæй фыдӕхы идеологи уӕлӕмӕ скӕсын ма бауадзæм. Уӕлахиздзау хъӕбатырты фӕдзӕхстытыл иудзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинады ис нӕ сӕйраг тых.
Уӕлахизы бон ӕнусмӕ баззайдзӕн стыр сгуыхтдзинад, адӕмы уды ӕнӕбасӕтгӕ тых, хӕстон кад ӕмӕ фӕллойадон хъӕбатырдзинад ӕвдисӕг. бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд! Стыр Уӕлахизы боны хорзӕх уӕ уӕд!
***Йæ фыццаг бонæй æмæ бирæ æнхъæлмæ кæсын кæмæ бахъуыд, уыцы Уæлахизы боны онг дæсгай прокурортæ æмæ фæдагурджытæ Советон Æфсады рæнхъыты хæцгæ фæцыдысты арт, рыст æмæ туджы малтыл хизæг хæстон фæндæгтыл. Сæ разы нæ сæртæ ныллæг къул кæнгæйæ мах мысæм областы прокуратурæйы органты уыцы кусджыты, кæцытæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты хъахъхъæдтой нæ Райгуырæн бæстæ: Æлборты Михаил, Гаглойты Хазби, Гуыбаты Петр, Джангобегов Александр, Джыгкайты Никъала, Дыгъуызты Шалва, Чъыбылты Максим, Надирадзе Михал, Санахъоты Сергей, Трапанадзе Константине, Тузиков Николай, Хæныкъаты Уасил, æндæр фронтовикты – прокуратурæйы кусджыты.
▶️ Кæсут плейлистмæ:
https://www.youtube.com/playlist?list=PLcVXugEcAl0TL8NEDEET9UdigrRiNW1yxКӕсут хионтимӕ иумӕ. Уӕлдай ахсджиагдӕр у сывӕллӕттӕн ӕмӕ цотӕн ӕвдисын!
НИЧИ ФЕРОХ, НИЦЫ ФЕРОХ!