Ереды трагеди æрцыд 1991 азы 18 марты. Уыцы бон Ереды хъæуы цур гуырдзиаг хотыхджын ӕфсӕддонтӕ хæцæнгæрзтимæ, рахизын кодтой Дменисæй Цхинвалмæ цæуæг автобусæй 12 ирон нӕлгоймаджы. Бирӕ фыдмиты фӕстӕ удæгасæй сæ баныгæдтой.
Гуырдзиаг националистты къухæй 12 ирон æмбæстаджы амарыны фæдыл уголовон хъуыддаг баконд æрцыд 1991 азы. Æмбырд æрцыдысты фæдагуырды æвдисæндартæ, æмæ ӕрмӕджытӕ. Агуырдмæ лæвæрд æрцыдысты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæй æртæйæ.
Ӕппӕт дунейы адӕм хъуамӕ зоной Ереды трагедийы тыххӕй, цӕмӕй ма бауадзой ахӕм фыдракӕндтӕ фидӕны. Ирон адӕм алыхатт дӕр хъуыды кӕндзысты ӕвирхъау фыдракӕнд, кӕцы сӕххӕст кодта Гуырдзыстон, адӕмы куы мардтой ирӕттӕ кӕй уыдысты, уый тыххӕй.