Коллегийы рабадт уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Собайты Григорийы разамындæй. Рабадты сæйраг хæстæ уыдысты Генералон прокуратурæйы ацы азы дыккаг æмбисы куысты пъланы проектыл æрдзурын æмæ æндæр фарстытæ.
Рабадты куысты хайад райстой Генералон прокуроры хæдивджытæ, Генералон прокуратурæйы стурктурон дæлхайæдты къухдариуæггæнджытæ, сахар Цхинвалы прокурор æмæ республикæйы районты прокурортæ.
Генералон прокуроратурæйы 2026 азы дыккаг æмбисы куысты пъланæй дарддæр ма стыр хъусдард здӕхт ӕрцыд пълангонд басгӕрстыты ӕххӕстгӕнӕг дисциплинӕ фӕбӕрзонддӕр кӕнынмӕ.
Коллеги рахаста уынаффӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы органты куысты пълантӕ сфидар кӕныны тыххӕй ацы азы дыккаг ӕмбисмӕ.