Цытджын æмкусджытæ, прокуратурæйы органты кусджытæ æмæ ветерантæ!
Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы кусæджы боны цытæн!
Абон мах нысан кæнæм Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы органты сырæзты 102-æм азы бон. Уый хуымæтæг датæ нæу. Уый у традициты æнæрлæугæ символ, прокурорты фæлтæрты фæдфæливæн, кæцытæ иудадзыг хъахъхъæдтой закъон æмæ барадон фæтк, сæ хæсыл иузæрдион уыдысты. Ацы бон æвдисæн у Райгуырæн бæстæйæн, адæмæн æмæ рæстдзинады æнусон хæзнатæн уæ æнувыддзинад.
Хуссар Ирыстоны прокуратурæ рацыд уæззау фæндаг, æмæ баззад закъоны фӕткӕвӕрды, æмбæстæгты бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинад хъахъхъӕныны, паддзахады ӕмӕ ӕхсӕнады интерестӕ хъахъхъӕныны ахсджиаг гарантæй. Историйы алы этапы дæр, йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ, нæ республикæйæн æппæты зындæр азты, куы тох кодта йæ бартыл, цæмæй сæрибарæй цæра, йæ уæвыны тыххæй, куы йын баъхуыд йæ фидæныл тох кæнын, уæд зындзинæдтæм æмæ фæлварæнтæм нæ кæсгæйæ, прокуратурæйы кусджытæ æвдыстой профессионализм, сæ хæсыл иузæрдиондзинад, паддзахады интерестæ хъахъхъæнгæйæ æмæ адæмы раз сæ æнувыддзинад æвдисгæйæ. Сæ æнувыддзинад ссис нæ иумæйаг сæрыстæрдзинад æмæ мысинаджы иу хай; прокуратурæ æнæфæцудгæ баззад адæмæн лæггад кæныны хъуыддаджы, хъахъхъæдта сабырдзинад æмæ фæтк, афтæ ма республикæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад. Йæ хайбавæрд бахаста Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны хъуыддагмæ.
Абон прокуратурæ у закъоны уарт æмæ паддзахадондзинады æнцой, паддзахады ахсджиаг цæджындзтæй сæ иу. Хъæзныг бынтæ æмæ хистæр фæлтæры фæлтæрддзинадыл æнцойгæнгæйæ, прокуратурæйы органтæ æххæст кæнынц сæ разы æвæрд хæстæ, закъон, рӕстдзинад ӕмӕ барадон фӕтк ифтонг кӕнгӕйӕ.
Ацы ахсджиаг бон зæрдиагæй арфæ кæнын, прокуроры хæс æххæст кæнынæн йæхи чи снывонд кодта, уыдонæн: прокурортæн, фæдагурджытæн, аппараты кусджытæн æмæ ветерантæн. Стыр бузныг зæгъын прокуратурæйы сæвзæрдмæ уæзгæ хай бахæссыны, дæсныйадыл æнувыд уæвыны, удуæлдай куыст æмæ бæрнондзинады тыххæй.
Зынаргъ æмкусджытæ! Абон, Республикæ Хуссар Ирыстон ныфсджынæй размæ куы цæуы, йæ паддзахаддзинад фидаргæнгæйæ, нӕ службӕйы ахадындзинад бирӕ хӕттыты фылдӕр кæны æмæ йын ног сæрмагонд нысаниуæг фæзынд. Ацы кадджын бон мах ногæй нæ ардбахæрд фидар кæнæм – Ирыстоныл, йӕ адӕмыл ӕмӕ йӕ паддзахадон фидӕныл иузӕрдион куыд уыдзыстæм. Закъон æмæ рæстдзинад сты бындур, кæцыйыл мах иумæ араздзыстæм тыхджæн, сабыр æмæ дидинæфтаугæ паддзахад. Закъонæн лæггад кæнын махæн нысан кæны Ирыстонæн лæггад кæнын, йæ адæмæн, йæ сабырдзинадæн æмæ фарнæн. Ацы бæрзонд мисси домы лæгдзинад, намыс æмæ хæсыл æнувыддзинад, прокуратурæйы кусджыты кæддæриддæр цы миниуджытæ хицын кодтой, уыдон.
Уадз æмæ мах кæддæриддæр иумæ кæной рæстдзинадыл æууæндын, Фыдыбæстæм уарзондзинад æмæ нӕ равзӕрст хъуыддагыл бӕрзонд бӕрндзинад ӕмӕ сӕрыстырдзинады ӕнкъарӕн!
Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, сомбоны ныфс, бӕрзонд профессионалон ӕнтыстытӕ ӕмӕ дарддӕры ӕнтыстытӕ нӕ Райгуырӕн бӕстӕйы – Республикӕ Хуссар Ирыстоны фарнӕн ӕгъдау ӕмӕ фӕтк фидар кӕныны хъуыддаджы.