Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы уагъд ӕрцыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты Министрады кусджыты схорзӕхджын кӕныны церемони профессионалон бӕрӕгбоны фӕдыл – Фӕдсгарӕн органты кусӕджы боны цытæн. Хорзӕхмӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты республикӕйы мидхъуыддӕгты Министрады авд кусӕджы.
Республикæйы Генералон прокурор Собайты Григорий банысан кодта фæдсгарæн органты кусджытæ сæ куысты хæстæ эффективонæй кæй æххæст кæнынц. Дзырдæн, 2025 азы иу уголовон хъуыддаг дæр тæрхондонæй фӕстӕмӕ лӕвӕрд не 'рцыд йӕ ӕркасты цӕлхдуртӕ аиуварс кӕныны тыххӕй. Уый дзурӕг у ӕрмӕджытӕ цӕттӕ кӕныны ӕмбӕлгӕ ӕмвӕзадыл ӕмӕ фæдсгарджыты гъæдджын куыстыл.
Республикӕйы прокуратурӕйы системӕйы райрӕзтмӕ ахъаззаг ӕвӕрӕн бахӕссыны, закъонад ӕмӕ барадон фӕтк фидар кӕныны, Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы органтӕн хӕсгонд хӕстӕ ӕххӕст кӕныны хъуыддаджы баххуыс кӕныны, Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы юбилейон майдан "100 азы закъон ӕмӕ ӕгъдау хъахъхъӕныны" тыххӕй хорзӕхджынгонд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министры хӕдивӕг Дудайты Дмитрий, уӕззау ӕмӕ уӕлдай уӕззау фыдракӕндтӕ иртасыны хистӕр фæдагурæг Болататы Алыксандр, иумӕйагцӕсгомон фыдракӕндтӕ ӕмӕ фæндагон-транспортон цауты фӕдыл хистӕр фæдагурæг Джыккайты Игорь, Дзауы районы мидхъуыддæгты управленийы фæдагурæг Гаглойты Оксанӕ, Дзауы районы мидхъуыддæгты управленийы фæдагурæг Мамиты Аннӕ, мидхъуыддæгты Министрады Фæдагурæн управленийы хъуыддагаразӕг Сиукъаты Миленӕ.
Уӕззау ӕмӕ уӕлдай уӕззау фыдракӕндтӕ иртасыны хайады хистæр Икъоты Михаил хорзӕхджын ӕрцыд прокуратурӕйы майданӕй "Баххуыс кӕныны тыххӕй" Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы оргӕнтӕн баххуыс кӕныны æмæ республикӕйы прокуратурӕйы размӕ ӕвӕрд хӕстӕ ӕххӕст кӕныны хъуыддаджы тыххӕй.
Мадзалы кæронбæттæны Собайты Григорий раарфæ кодта республикæйы Мидхъуыддæгты министрады кусджытæн профессионалон бæрæгбоны цытæн, зæрдæбынæй сын загъта дарддæры профессионалон æмæ удгоймагон рӕзт нӕ республикӕйы пайдайӕн, ӕнӕниздзинад ӕмӕ фарн.