2026 азы 7 сентябрӕй 18 сентябрмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы прокуратурӕйы Университеты каст фесты ахуыртæ Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Абхазы республикӕйы прокуратурӕйы органты кусджытӕ уæлæмхас дæсныйад фæбæрзонддæр кæныны программæмæ гæсгæ.
Ахуыр арӕзт æрцыд профессионалон ногӕй бацӕттӕ кӕныны ӕмӕ квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны факультеты. Ахуыры процессы архайдтой Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы ӕмӕ Абхазы Республикӕйы Генералон прокуратурӕйы минӕвӕрттӕ.
Ахуырты рæстæджы хъусджытӕ базонгӕ сты Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæйы органты архайд организаци кæныны теоретикон, æххæстгæнæн æмæ методикон бындуртимæ, прокуратурæйы архайды фадыджы ӕппӕтадӕмон ӕмгуыстады актуалон фарстатимӕ, барадхъахъхъæнæг органтæм прокуратурæйы цæстдард, тæрхондæтты уголовон хъуыддæгтæм æркæсыны прокуратурæйы хайадист.
Лекцион ахуырты ӕмрӕнхъ арӕзт ӕрцыд семинар фӕлтӕрддзинад ивыны фӕдыл Уӕрӕсейы Федерацийы прокуратурӕйы органты прокуророн кусджыты архайдӕй, тымбыл фынг ӕмӕ кусӕн фембӕлд Мӕскуыйы горӕты прокуратурӕйы. Хъусджытӕн арӕзт ӕрцыд культурон- рухстауæн программӕ.
Ахуыры фӕстӕ хъусджытӕ ӕнтыстджынӕй ацыдысты аттестаци, йӕ хатдзӕгтӕм гӕсгӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны ӕвдисӕндартӕ.
Университеты ректор И.М. Мацкевич раарфæ кодта хъусджытӕн сӕ ахуыры ӕнтыстджын фӕуды тыххӕй ӕмӕ загъта йӕ ныфс, цы зонындзинæдтæ райстой, уыдон сын практикон архайды пайда кæй уыдзысты, стæй цы профессионалон бастдзинæдтæ сӕвзӕрд, уыдон та кӕй балӕггад кӕндзысты, Уæрæсейы Федерацийы, Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы прокуратурæты ӕмгуыстады дарддӕры æмархайды.
Университеты проректор Д.К. Боков банысан кодта студентты цæттæдзинады бæрзонд æмвæзад æмæ сæ активон архайд фӕлтӕрддзинад ивыны семинары, æмæ бахахх кодта университеты цæттæдзинад дарддæры методикон ӕмархайдмӕ.
Делегацийы сӕргълӕууӕг &ndasg; Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры хӕдивӕг Плиты Алан раарфӕ кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокуратурӕйы разамындӕн ӕмӕ Университеты профессион-ахуыргӕнджыты скондӕн сӕ мидисджын программӕ ӕмӕ ахуыры организацийы бӕрзонд ӕмвӕзады тыххӕй. Абхазы Республикӕйы Генералон прокуратурӕйы минӕвар С.Т. Дгебиа фӕнысан кодта ахӕм ахуырадон мадзӕлтты ахадындзинад прокуратурӕты ӕхсӕн дыууӕрдыгӕй бастдзинӕдтӕ фидар кӕнынӕн.
Равзæрæн: Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæйы университет https://agprf.org/news/2026/zavershilos-obuchenie-rabotnikov-organov-prokuratu5006