Абон Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы республикӕйы Генералон прокурор Собайты Григорийы разамындӕй арӕзт ӕрцыд коллегийы радон ӕмбырд. Пъавесткӕйы-Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы оргӕнты куысты фӕстиуджытӕ 2024 азы 9 мӕймӕ, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы куысты пъланы ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы оргӕнты проектыл ӕрныхас кӕнын 2025 азы фыццаг ӕрдӕгазӕн ӕмӕ коллегийы куысты пъланы проектыл ӕрныхас кӕнын 2025 азы фыццаг ӕрдӕгазӕн.
Коллегийы куысты архайдтой Республикӕйы Генералон прокуроры фыццаг хӕдивӕг Бититы Сергей, Республикӕйы Генералон прокуроры хӕдивджытӕ Плиты Алан, Къӕбулты Тигран, Цхуырбаты Иринӕ, стӕй республикӕйы Генералон прокуратурӕйы дӕлхайӕдты хицӕуттӕ, Ӕфсӕддон прокурор, горӕт Цхинвалы прокуроры хӕдивӕг, Знауыры районы прокуроры ӕххуысгӕнӕг ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны районты иннӕ прокурортӕ.
Цы куыст бакодтой ӕмӕ оперативон уавӕры уавӕры тыххӕй республикӕйы зӕххыл докладтӕ скодтой Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы хайӕдты хицӕуттӕ. 2024 азы 9 мӕймӕ цы куыст бакодтой, уый тыххӕй ма докладтӕ скодтой Республикӕйы Ӕфсӕддон прокурор, горӕт Цхинвалы прокуроры хӕдивӕг, Цхинвалы районы прокурор, Знауыры районы прокуроры ӕххуысгӕнӕг, Дзауы районы прокуроры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы прокуроры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг.
Коллегийы ӕмбырды хатдзӕгтӕм гӕсгӕ бӕрӕггонд ӕрцыдысты ног нысантӕ ӕмӕ хӕстӕ закъонад ӕмӕ фӕтк фидар кӕныны, адæмы бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинад хъахъхъӕныны тыххӕй.