Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры хӕдивӕг Цхуырбаты Иринӕйы разамындӕй ацыд аттестацион къамисы радон ӕмбырд, уым ӕвзӕрстой прокуратурӕйы кусджыты райдиан ӕмӕ радон аттестацийы фарстатӕ.
Прокуратурӕйы кусджыты аттестаци у, цы бынат ахсынц, уый зонындзинӕдты ӕмӕ арӕхстдзинӕдты ӕмвӕзад, миниуджытӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, уый сбӕлвырд кӕнынӕн. Аттестацион къамисы уыдис объективон ныхас аттестацигонд кусджыты профессионалон ӕмӕ сӕрмагонд миниуджытыл.
Ӕнтыстджынӕй ацыд фыццаг аттестаци Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы Фæдагуырды хайады коррупцион хъуыддӕгтӕ иртасӕг къабазы фæдысгарæг. Кадджын уавӕры ӕрыгон специалист прокуроры (слестгӕнӕджы) ард бахорда.
Ӕмбӕлон бынатыл нымад ӕрцыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы закъонтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ цӕстдарды хайады ӕрдз хъахъхъӕныны къабазы хистӕр прокурор.
Аттестацион къамисы уӕнгтӕ арфӕ ракодтой се ' мкусджытӕн уыцы ахсджиаг цауы фӕдыл ӕмӕ сын загътой, цӕмӕй сӕ службӕйы хӕс сӕххӕст кӕной ӕнтыстдзинӕдтӕ.