Республикӕ Хуссар Ирыстоны Ӕфсӕддон прокуратурӕйы куысты пъланмӕ гӕсгӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддон прокуроры ӕххуысгӕнӕг Джибæлты Аланæ республикæйы Хъахъхъæнады министрады æфсæддонтæн ауагъта лекци ахæм темæйыл: «Ӕфсӕддон службӕйы Ныхмӕ Фыдракӕндтӕ».
Мадзалы сӕйраг нысаниуæг уыд сӕрмагонд сконды барадон ахуырады ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕнын, фыдракӕндты профилактикӕ ӕмӕ ӕфсӕддон дисциплинӕ фидар кӕнын.
Лекцийы рӕстӕг хъусджытӕн бӕстон бамбарын кодтой ӕфсӕддон службӕйы ныхмӕ фыдракӕндты ӕмбарынад, барадон характеристикӕ ӕмӕ хуызтӕ. Уӕлдай хъусдард уыд ӕфсӕддонты 'хсӕн дӕлбарады фӕтк ӕмӕ уставон ӕмахастыты ныхмӕ фыдракӕндтӕм, ӕфсӕддон службӕ кӕныны фӕткы ныхмӕ фыдракӕндтӕм, сӕрмагонд службӕйы хуызтӕ хӕссыны фӕткмӕ, стӕй хӕстон мулк бахъахъхъӕныны ӕмӕ хӕстон-техникон фӕрӕзтӕй пайда кӕныны фӕткмӕ гӕсгӕ фыдракӕндтӕм.
Ӕфсӕддон прокуроры ӕххуысгӕнӕг бӕстон ӕрлӕууыд ӕфсӕддон закъонӕвӕрынады домӕнтӕ ӕххӕст кӕныны фарстатыл, бамбарын кодта закъоны рагзагъд бӕрндзинад ӕфсӕддон службӕйы ныхмӕ фыдракӕндты тыххӕй ӕмӕ дзуапп радта архайджыты фарстытӕн.
Ахӕм профилактикон мадзӕлттӕ ахъаз сты канд фыдракӕндтӕ фӕдзӕхсынӕн нӕ, фӕлӕ ӕфсӕддонты барадон культурӕ фӕбӕрзонддӕр кӕнынӕн, ӕфсӕддон хӕс ӕххӕст кӕнынмӕ бӕрнон ахаст аразынӕн, стӕй сӕ закъонон бартӕ ӕмӕ цымыдистæ хъахъхъӕнынӕн барадон ӕмбаргӕдзинады ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕныны фӕрцы.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддон прокуратурӕ арæх уадзы барадон ахуыртӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады Министрады сӕрмагонд скондимӕ, ӕвзары хӕстон закъонӕвӕрынады ӕмӕ йӕ спайда кӕныны практикӕйы тӕккӕ актуалондӕр фарстатӕм.