Абайты Владимир(Лади) Михалы фырт
Зынгæ юрист æмæ ахуыргонд, хауы XX æнусы дыууынæм азты ирон ныхмæлæуды ирон легендарон революционертæ-хъайтарты æрттиваг плеядæмæ, Хуссар Ирыстоны Автономон областы пркуратурæйы рæзты хъуыддаджы хайадисæг.
Райгуырд 1898 азы, Дзауы районы, Сыбайы хъæуы сауджыны хæдзары. Скъола каст фæуыны фæстæ 1915 азæй 1917 азмæ куыста сахар Грознæйы нефтгуырæнты. Ам уый райста фыццаг революцион аргъуыд. Хайад иста, большевиктæ кæй организаци кодтой, ахæм куыстурæдты. 1917 азы Абайы-фырты фæдыл зилын райдыдтой йæ революцион ралæудты тыххæй, æмæ йæ бахъуыд Æрыдонмæ рацæуыны сæр. Ахуыр кæнынмæ бахауд гимназмæ, дарддæр кодта веволюцион пропогандæ фæсивæды хсæн. Абайты Лади Æрыдоны бацыд большевикты рæнхъытæм.
Ирыстоны Советон хицауиуæгад æрфидар кæныны хъуыддаджы активон архайæг, сырх партизан, 1918 азæй Уæрæсейы Коммунистон (б) партийы уæнг. 1920 азы бацыд Хуссар Ирыстоны партизанон бригадæмæ æмæ цалынмæ Советон хицауад фæуæлахиз, уæдмæ тох кодта Кавказы урсгвардионтимæ.
Суанг йе взонджы кары дæр Владимир Михалы фырт бæрæг дардта уæрæх эрудицийæ, домындзинадæй, зонадон зонындзинæдты бæрзонд æмвæзадæй, ахуыргонды этикæйæ. Мæскуыйы паддзахадон университеты юридикон факультеты рауагъдон, æнтысгæйæ каст фæцис Мæскуыйы паддзахадон университеты аспирантурæ.
Æгæр раджы раргом йæ къухдариуæггæнæджы курдиат – Ирыстонмæ æрыздæхгæйæ Абайы-фырт куыста алыгъуызон бæрнон бынæтты. Уый нымад цыд «фæндвидар закъонылхæстыл», хæдбындур адæймагыл. 1923 азæй фæстæмæ куыста юстицийы органты прокуроры æххуысгæнæгæй, Сæйраг тæрхондоны прокурорæй. 1925-1930 азты уыд Хуссар Ирыстоны прокурор, Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты зонадон кусæг. Куыд Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты хистæр зонадон кусæг, афтæ Абайы-фырт зонадон куыст кæнын райдыдта прокуратурæйы органты практикон куысты бæрæг фæлтæрддзинадимæ. Абайты Ладийы зонадон куыстæн æргъкæнынад, иуæрдыгæй йæ куырыхон зонд, иннæрдыгæй та – практикæимæ зонады æнгом бастдзинад, ирон æхсæнады ахуыргæндты бæрзонд статусæн аргъ кæнæн ис, куыд фаг закъонбæрцон, афтæ.
1937 азы йæ æрцахстой, æрцыд репрессигонд, фехстой йæ Тбилисы 1937 азы 11 декабры. Тæрхонрахæссæг орган: ГССР Мидхъуыддæгты адæмон камиссариаты тройкæ. Фæдагуырды æрмæджытæм гæсгæ афтæ цæуы, цыма уыд Хуссар Ирыстоны рахисонты антисоветон организацийы активондæр хайадисджытæй сæ иу. Реабилитацигонд æрцыд 1957 азы (зонæнты гуырæн: Гуырдзыстонæй æхстæрцæуджыты номхыгъдтæ). Абайты Михалы фырт Владимиры рухс ном цæрæнбонтæм цæрдзæн нæ зæрдæты. Рухсаг уæд!