ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРОКУРАТУРÆЙЫ РЕПРЕССИГОНД КЪУХДАРИУÆГГÆНДЖЫТЫ
ССÆДЗÆМ СÆДÆАЗЫ ÆРТЫНÆМ АЗТЫ ПОЛИТИКОН РЕПРЕССИТЫ АМÆТТÆГТЫ
ХЪЫГДЗИНАД ÆМÆ МЫСЫНАДЫ ЧИНЫГ
Абайты Владимир(Лади) Михалы фырт (1898-1937)
Бахъаты Уасил Барисы фырт (1897-1938)
Гæдиаты Никъала Секъайы (Юрийы) фырт (1890-1937)
Гасситы Никъала Максимы фырт (1897-1937)
Гояты Михал Григолы фырт (1902-1938)
Плиты Олгъæ Семены чызг (1899-1967)
Санахъоты Гаврил Иваны фырт (1886)
Санахъоты Мате Къыбылы фырт (1886-1937)
Нæ сæртæ къул кæнæм...
Нæ сæртæ æмырæй къул кæнæм хъыгдзинады. Нæ разы ис Хуссар Ирыстоны прокурорты, не мзæххонты, коллегæты хъыгдзинад æмæ мысынады чиныг, кæцытæ басты политикон репресситы амæттæгтæ .
Уыдонæн уыд сæхи нæмттæ æмæ биографитæ. Бирæтæн дзы уыд бинонтæ, хъомыл кодтой хъæбултæ æмæ хъæбулы-хъæбултæ. Уыдонæй алкæй дæр фæндыд амонд Ирыстонæн, сæ туг æмæ се стæгæн, се ввахс адæмæн, зæххыл адæймаджы цардæй цæрын. Фæлæ иу дуджы уыдонæй алкæй цард дæр цæхгæр фæивта – иутæ калдысты ингæнтæм, сæ сæртæ æхст, афтæмæй, иннæтæ сæфтысты ахæстæтты ныккæндты, сындзтелæй æхгæд бынæтты, тардтой сæ лагертæм æмæ уым фестадысты лагерон рыг.
1990-2008 азты Гуырдзыстоны расидгæ хæсты трагикон цауты тыххæй мысынад, дыууынæм æнусы æртынæм азты терроры тыххæй мысынад æмæ йæ тæккæ карзы - 1937-1938 азты, ирон адæмы мысынады ныууагътой арф æмæ трагикон фæд, куыд ирон адæммæ ахасты геноцидон политикæйы иу фæзынд, афтæ.
Цас уыдысты уыдон, репресситæ æмæ æнæзакъондзинады амæттæгтæ? Цыфæнды нымæц дæр, кæцыйы дзырдæуы æгæрыстæмæй нæ ныры къаннæг республикæмæ ахасты дæр, нæ уыдзæн бæрæг-бæлвырд. Репрессигонд чи æрцыд, уыдоны нымæц иуæй-иу иртасджыты нымадæй у 400 адæймагæй фылдæр, 100 000 мин адæмы бæрцы иумæйаг нымæцæй.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон паддзахадон архивы хъусынгæнинагмæ гæсгæ дæсгай адæймæгтæ ахст æмæ хыгъдгонд цыдысты Хуссар Ирыстоны АО арæнтæн æддейæ, хуссарирыстойнаг статистикæмæ æнæбахаугæйæ, æмæ, афтæмæй, Хуссар Ирыстоны репрессигонд адæмы иумæййаг нымæц хизы цыппарсæдæ адæймагæй уæлæмæ. РХИ ЦПА чи ис, уыцы «1937-1938 азты репрессигонд адæмы номхыгъд»-ы ис 373 адæймаджы.
ХХ æнусы 30-æм азты репресситы историимæ хæрзчысыл зонгæ чи у, уыдонæн дæр зындгонд у, репресситæн кæй уыд политикон нысан, хаттæй-хатт сын кæй лæвæрдтой национ нысаниуæг. ГССР МХЪАК бардзырдтæм гæсгæ куынæггæнæг бюрократи æмæ статистикæйы раиртæстгонд зонæнты куыд зыны, афтæмæй ирæттæ æмæ абхазæгты ныхмæ репресситæн уыд уæлдай æгъатырдзинады характер Гуырдзыстоны иннæ районтимæ абаргæйæ. Стыр террорæй Ирыстон баййæфта иууыл тыхджындæр цæф, æмæ хуссайраг бынæттон уавæрыл куы дзурæм, уæд ХИАО цæрджытæй репрессигонд чи æрцыд, уыдонæн практикон æгъдауæй сæ 99% проценты уыдысты ирæттæ. Ирæттæ æмæ Абхазæгтæ потенциалон æгъдауæй уыдысты уæлбикъон Гуырдзыстоны титулон нацийы рдыгæй дæлдзиныг æмæ ассимиляцийы объект, хъуамæ этапгай скуынæг уыдаиккой, кæнæ цæхгæр фæивтаид сæ туг се стæджы сконд.
1937-1938 азты Гуырдзыстоны уагъдцæуæг репресситæн сæ нысан уыд æнæгуырдзиаг адæмты физикон æгъдауæй скуынæг кæнын æмæ гуырдзиаг нацийы уæлбикъон скæнын, ирон этнос ныцъист кæнын, ирон культурæйы хæдгъуыздзинад скуынæг кæнын, цæмæй ист æрцæуа сæ автономи, æмæ ма йын уа æрмæстдæр символикон нысаниуæг, æмæ уый ахъаз кæна гуырдзиаг нацийы номæй Гуырдзыстоны уæлбикъондзинадæн. 30 азты гуырдзиаг национализмы ноджы рагондæр дугты традицитыл æнцой кæнгæйæ Тбилисы хицæуттæ уагътой националон нысаниуæгмæ гæсгæ дискриминацийы æвзæр политикæ, хуссайраг ирæттæй уæлдай национ активондзинад чи æвдыста, уыдоны физикон æмæ социалон æгъдауæй скуынæг кæныны нысанмæздæхт политикæ. Цæмæй цасдæрбæрцæй ирон адæмы хуссайраг хайы сæрымагъзæй ист æрцæуа (куынæгкæнæг органты профессионалон æвзагæй афтæ хуынд) хъуыдыхъомдзинад, цæмæй цыфæнды хуызы ныхмæлæууынады æнкъарæн дæр мард æрцæуа адæмы удысконды.
Кæмæдæриддæр ирон националон активондзинад уыд, уыдон практикон æгъдауæй иууылдæр куынæг æрцыдысты гуырдзиаг МХЪАК къухæй, фæмардуæвджыты бæрæгфылдæр хай уыдысты бæрзонд ахуырдзинадимæ курдиатджын адæм; фыццаградон цæф сæмбæлд уæлдай курдиатджындæртыл, афтæ ма арæх репрессигонд цыдысты сæ бинонтæ æмæ æввахсдæр къабæзтæ. Репресситы бирæнымæц иртасджытæ æмæ æвдисæнтæ нысан кæнынц, «уыцы хаймæ хауæг репресситы амæттаг чи фæцис, уыдонæн æндæр реалон ахоссæгтæй бамбарынгæнæн кæй нæй, уымæн æмæ репрессигонд æрцæуæг адæмы биографитæ уыдысты коммунизмы идейæтыл, социалон рæстдзинад, æмæ активон социалон арæзтадыл æнувыддзинад, хисæрмагонд хæзæгъдаудзинад æмæ намыс, адæмы хорзæх æмæ уарзондзинадыл дзурæг, æмæ амонынц чысылнымæц ирон элитæйы, ÆПК (б) службæгæнджытæ æмæ сæ бинонты куынæггæнæг аппараты нысанмæздæхт куынæгкæнынадмæ, цæмæй ныбиноныг уа ирон этносы ныллæг æмвæзадыл социалон статус. Бирæбæрцæй, кæд сæйраджы сæйраг нæ, уæддæр 1930 азты репресситæ æхсæнады хъуыдымæ гæсгæ æмбæрстгонд цæуынц ахæм хуызы, куыд Гуырдзыстоны ССР партион æмæ куынæггæнæг органтæм баирвæзæг гуырдзиаг националистты рдыгæй мастисæн уыцы ирон национ змæлды активистæм ахасты, кæцытæ æххæст кодтой националон-ирвæзынгæнæг тох, сæ бартæ сын чи дæлдзиныг кодта, уыдоны ныхмæ, нырма гуырдзиаг æлдæртты, фæстæдæр та Гуырдзыстоны официалон хицæутты ныхмæ, 1917-1922 азты гуырдзиаг къухдариуæгады рдыгæй фидарæрцæуæг контролкæнынады ныхмæ, Ирыстоны хуссайраг æмæ цæгатаг хæйттыл барæй адих кæныны æмæ хуссар хайы Гуырдзыстоны ССР юрисдикцимæ бакæныны ныхмæ, кæцытæ домдтой Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы скондмæ бакæнын æмæ Цæгат Ирыстонимæ баиу уæвын, хастой аккаг хайбавæрд Хуссар Ирыстоны автономон областы рæзты хъуыддагмæ.
Уæлдæр загъд цы рцыд, уыдоныл фæндвидарæй баууæндæн ис репрессиæрцæуджытæй алкæй тыххæй дæр анализ кæныны фæрцы. Репресситы интенсивондзинады къæпхæнæн саргъ кæныны тыххæй статистикон фæрæзтæй дæр куы спайда кæнæм, бæлвырддæр зæгъгæйæ, репресситы чи бахауд, уыдонæн сæ 95 % нæлгоймæгтæ кæй уыдысты æмæ уыдонæн сæ астæуккаг кар 20 азæй 60 азмæ кæй уыд, уый хъусдардмæ куы райсæм, уæд райсдзыстæм ахæм зонæнтæ, кæцыты иртасджытæ нымайынц катастрофæйыл.
Ацы мысынады чиныг уæлдай хатт фидар кæны Хуссар Ирыстоны ХХ æнусы 30 азты репресситы бæрæг-бæлвырд хайы нысанмæздæхт характеры тыххæй зындгонд хатдзæг. Хуссарирыстойнаг бæрзонд рангы прокурортæ бахаудысты репресситы æмæ сæ ГССР МХЪАК ПÆУ ахста антисоветон архайды тыххæй, кæд Хуссар Ирыстоны Советон хицауад сфидар кæныны хъуыддаджы активон хайадисджытæ уыдысты, уæддæр. Уыдонæн сæ биографитимæ, сæ историон æвдисæндартимæ куы базонгæ уай, уæд уайтагъд бæрæгæй разындзæн, сæ нæмтты нысаниуæг куыд бæрзонд уыд Ирыстоны дыууæ хайы дæр.
Хуссар Ирыстоны Советон хицауад сфидар кæныны активон хайадисджытæ тох кодтой хуссайраг ирæтты национ хæдгъуыздзинады сæрвæлтау, æххæст кодтой националон-сæрибаргæнæг тох, сæ бартæ сын чи дæлдзиныг кодта, уыдоны ныхмæ, нырма гуырдзиаг æлдæртты, фæстæдæр та Гуырдзыстоны официалон хицæутты ныхмæ, 1917-1922 азты гуырдзиаг къухдариуæгады рдыгæй фидарæрцæуæг контролкæнынады ныхмæ, Ирыстоны хуссайраг æмæ цæгатаг хæйттыл барæй адих кæныны æмæ йын йæ хуссар хайы Гуырдзыстоны ССР юрисдикцимæ бакæныны ныхмæ, кæцытæ домдтой Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы скондмæ бакæнын æмæ Цæгат Ирыстонимæ баиу уæвын, хастой аккаг хайбавæрд Хуссар Ирыстоны автономон областы рæзты хъуыддагмæ.
Кæй зæгъын æй хъæуы, гуырдзиаг паддзахад, куыд меньшевикты рæстæджы, афтæ большевикты рæстæджы дæр, уыдта ирон активистты æмæ сæ фарсхæцджыты дæр, уыдта сын сæ иудзинадмæ тырнындзинад æмæ сæ нымадта æгъатыр знæгтыл, йæ зæрдыл дардта 1920 æмæ 1925 азты, кæцы рæстæджы Хуссар Ирыстон арæзта, «стыргуырдиаг арæзтады» плæнттæн стыр тæссагдзинад чи хаста, ахæм бафæлвæрдтытæ - тбилисаг контролы бынæй раирвæзын æмæ дихгон райгуырæн бæстæйы иудзинады тыххæй. Æртынæм азты репресситы уæрæхдзинадæй спайда кæнгæйæ гуырдзиаг хицæуттæ милмæ сисгæйæ комкоммæ ныццавтой растæндæр ирон националон змактивистты, ахæмты фæдыл зилгæйæ - чидæриддæр Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны баиу кæныны фарст æвæрдта, чидæриддæр хайад иста иумæйагирон мадзæлтты, архайдта мадæлон æвзаджы рæзтыл, тох кодта скъолатæ сæхгæнын æмæ национ культурæ скуынæг кæныны ныхмæ, командон фæткы хуызы ирон фыссынад гуырдзиаг альфавитмæ куы ракодтой, уæд, цæмæй реализаци æрцыдаид уыцы къордты УСФСР цæрæг абазинтæ æмæ ирæттæй ахицæн кæныны политикон план, бацæттæгонд æрцыдаид систематикон ассимиляци.
Уымæ гæсгæ нæ фыдыбæстæйон прокуратурæйы историйы фыццаг сыф кæй кадджын нæмттимæ баст у, уыцы хуссарирыстойнаг прокуратурæйы къухдариуæггæнджыты сконды астæумагъз, афтæ Хуссарирыстойнаг революционерты æппæт плеядæ дæр ГССР МХЪАК æрымысгæ хъуыддæгтæм гæсгæ бахаудысты репресситы, куыд антисоветон архайд кæнын æмæ æрымысгæ национализмы тыххæй, реалонæй та 1921 азы регулярон æгъдауæй иу автономон республикæйы арæнты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны баиу кæныныл кæй архайдтой, уый тыххæй.
Хуссарирыстойнаг прокуратурæйы йæ фæзындæй фæстæмæ цыдæриддæр прокурортæ куыста, уыдон уыдысты сæ фæлтæрты хсæн нымад адæм, уæззау рæстæджытæ чи бавзæрста æмæ уыцы рæстæджыты чи бахсыст, ахæмтæ. Хуссарирыстойнаг прокуратурæйы райгуырд æмæ рæзт, куыд «революцион закъондзинады рухс» (растæндæр – Революцион), афтæ æнæ фæхицæн кæнгæйæ баст у номдзыд гоймæгтимæ, хæстон командиртимæ, кæцытæ активон хайад истой 1917-1921 азты революцион æмæ партизанон змæлдты, Хуссар Ирыстоны советон хицауад сфидар кæныны хъуыддаджы: Гæдиаты Никъала Юрийы фырт, Абайты Владимир Михаилы фырт, Гояты Михаил Григолы фырт, Бахъаты Уасил Барисы фырт, Гасситы Никъала Максимы фырт, Плиты Олгъа Семены чызг, æмæ ирон ныхмæлæуды хъæбатыр Санахъоты Мате Къыбылы фырт.
Историон цаутимæ æмбаст чи уыд, уыцы прокурорты биографион факттæ, æцæгæйдæр, уникалон уыдысты. Областы фыццаг прокурор Гæдиаты Никъала, куыд гоймаг, афтæ сырæзт ирон литературæйы бындурæвæрджыты хъуыстгонд бинонты æмæ æнусы тæккæ райдианы ирон сфæлдыстадон интеллигенцийы корифейты хсæн, стыр хайбавæрд бахаста уыцы азты прокуратурæйы интелектуалон потенциал сырæзын кæнынмæ.
Фыццаг бонтæй фæстæмæ ног прокуроры бахъуыд йæхисæрмагонд цард ферох кæныны сæр. Уыд, сæ кæрон дæр кæмæн нæ зынд, уый бæрц кусинæгтæ. Зындзинæдтæй нæ тæрсгæйæ Гæдиаты Никъала уайтагъд фæцалх куыстыл. Йæ пркуророн архайд æмæ къахдзæфты никуы фæзынд ныхмæвæрддзинæдтæ йæ хæстæ æмæ хæрзæгъдаудзинады хсæн. Æмæ уыцы иугъæдондзинады Гæдиаты Никъала алы хатт дæр уыдта йæ царды нысан. Хæдбар адæймаг, арæх областы уæлдай вазыгджындæр проблемæтыл ЦÆК-ы уынаффæ кæныны рæстæджы фидар æмæ принципиалон позицийыл лæуд кæй уыд, уый тыххæй Никъала Юрийы фырт нæ аирвæзт гуырдзиаг МХЪАК репрессион системæйы цæстныдзæвæнæй, тынг æгоммæгæс, æнæбæсæтгæ фигурæйыл нымад сæм кæй уыд, уымæ гæсгæ æппынфæстаг фæхауæггаг йæ бынатæй, иугæр уыцы заманы прокурорты хæдбардзинад, фыццаграды процесуалон нæ, фæлæ политикон уыд, уæд ада-гъа æмæ йын уыдаид аирвæзыны фадат, æмæ æппынфæстаг ахст баййæфта ГССР МХЪАК ПÆУ-йы 4 хайады къухæй.
Гæдиаты Н. Ю. суанг йе взонджы бонтæй фæстæмæ революцион змæлдимæ баст кæй уыд, уый тыххæй репрессигонд æрцыд «контрреволюцион архайды хайад исыны тыххæй»; йæхи азымджыныл нæ банымадта æмæ фæдагурæн мадзæлтты рæстæджы равдыста æнæбасæтгæ удыхъæд æмæ лæгдзинад. 1937 азы йын рахастæуыд иууыл уæлдæр тæрхон. Гуырдзыстоны æхстæрцæуæджыты номхыгъдмæ гæсгæ йæ фехстой дыккаг бон, 26 июны. Фæстæдæр Гæдиаты Никъала реабилитацигонд æрцыд ССРЦ Уæлдæр тæрхондоны Æфсæддон коллегийы 29/05/1958 азы %4н-1169/58 Хатдзæгмæ гæсгæ; йæ хъуыддаг æхгæд æрцыд фыдракæндзинадæй йæм кæй ницы разынд, уымæ гæсгæ.
Дыккаг областон прокурор, Абайты Владимир Михаилы фырт - номдзыд юрист æмæ ахуыргонд, афтæ ма йæм прокуратурæйы органтыл къухдариуæг кæныны фæдыл уыд æнæмæнгхъæуæг фæлтæрддзинад æмæ зонæнтæ. 1923 азæй фæстæмæ куыста юстицийы органты прокуроры æххуысгæнæгæй, Сæйраг тæрхондоны прокурорæй. Уыд Мæскуыйы паддзахадон университеты юридикон факультеты рауагъдон, каст фæцис Мæскуыйы паддзахадон университеты аспирантурæ. Ирыстонмæ æрыздæхгæйæ куыста алыгъуызон бæрнон бынæтты: 1925 азæй 1930 азмæ уыд Хуссар Ирыстоны автономон областы прокурор, Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты зонадон кусæг. 1937 азы йæ æрцахстой, æрцыд репрессигонд, фехстой йæ Тбилисы, 11.12.37 азы.
Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы иннæ къухдариуæггæнджытæ - Санахъоты Гаврил Иваны фырт, стæй та Гояты Михал Григолы фырты дæр бахъуыд, сæхæдæг дæр кæй амæттаг баисты, уыцы политикон репресситы вазыгджын уавæрты кусыны сæр. Хуссар Ирыстоны хистæр зонадон кусæг Уанеты Владимиры историон-биографион очеркты нысангонд цæуы: "… ам чиныджы ис скъуыддзаг Солженицыны чиныг "Архипелаг Гулаг" -æй: «Центыр чекисттæн бахæс кодта, цæмæй æрцахсой æмæ скуынæг кæной 500 буржуазон националисты. Уайтагъд Ирыстонæй райстæуыд куырдиат: махæн 500 цъус у, бафтаут ма сæм 250». Æцæгæй та адæм репрессигонд цыдысты мингæйттæй. Уыдонæй 12 – сылгоймæгтæ. Бадын сæ кодтой афтæ, бынтон æнæаххосæй. Сæхæдæг дæр æй нæ зыдтой, цæй тыххæй сæ ахстой, уый. Цæвиттон æрхæссæм Санахъоты Гаврилæй. Уый ирон æвзагыл ныффыста географи ахуыргæнæн чиныг. Стæрхон ын кодтой 10 азы, æмæ йæм йæ цардæмбал ацыд. Уый куыста мæ мадимæ. Æмæ мын уый радзырдта, куы фембæлдысты, уæд æй уый бафарста: цы дзурынц уым, цæй тыххæй мæ æрцахстой? Уыдон нæ зыдтой, цæй тыххæй сæ ахстой, уый. Афтæмæй та сæ ахстой уый тыххæй, ирон интеллигенцийы минæвæрттæ кæй уыдысты. Уæд паддзахады мидæг ахæм репресситæ цыдис алы ран дæр. Фæлæ уыцы репресситæн Гуырдзыстоны уыдис спецификон æууæлтæ. Гуырдзиæгтæ куынæг кодтой, 20-æм азы сæ ныхмæ чи тох кодта, уыцы ирæтты, æмæ кæцытæн сæ бон уыд куыддæрты ирон адæмы бахъахъхъæнын. Æмæ уыдон фактон æгъдауæй скуынæг кодтой ирон интеллигенцийы хуыздæрты..."
Областон прокуроры хæдивæг, Фыццаг дунеон хæсты Хъæбатыр, Санахъоты Мате Къыбылы фырт, рацыд салдатæй офицеры онг фæндаг, кæронмæ фæтох кодта гермайнаг хæсты æмæ хорзæхджын æрцыд сæрмагонд Георгийы хæцæнгарзæй, паддзахы ордентæй, Георгийы дзуары æххæст кавалер сыгъдæг Аннæйы II æмæ III къæпхæны орденты кавалер, сыгъдæг Станиславы II æмæ III къæпхæны ордентæй, сыгъдæг Владимиры IV къæпхæны орденæй, уыд Ирыстоны историйы иууыл аккагдæр архайджытæй, стыр авторитет ын уыд куыд Ирыстонæн йæ хуссар хайы, афтæ йæ цæгат хайы дæр. Хæстон фæлтæрддзинад, хисæрмагонд хæрзæгъдаудзинад æмæ йæ хъуыддагыл æнувыд кæй уыд, уый тыххæй йæ уыд бирæнымæц адæмы хорзæх. Ирд удыхъæды хицау æмæ тыхджын лидер, йæ цард снывонд кодта Ирыстоны хуссар æмæ цæгат хæйттыл ныдихтæ кæныны ныхмæ тох кæныны сæрвæлтау, æмæ йæм гуырдзиаг МХЪАК рдыгæй уыд сæрмагонд æнæуынондзинад. Æрцыд ркпрессигонд, йе рцахсыны мотив – уыд контрреволюцион организацийы уæнг. Йæ тæрхон: иууыл уæлдæр æфхæрд, фехстой йæ 1956 азы. Реабилитаци æрцыд 1956 азы.
Ахæм хъысмæт баййæфтæ прокурортæ Бахъаты Уасил Барисы фырт æмæ Гасситы Никъала Максимы фырты , дæр, уыдонмæ цы азымтæ æрхастой, уыдон бирæ дæр ницæмæй хицæн кодтой, се мбæлтты цæмæйты азымджын кодтой, уыдæттæй: уыдонæн дæр - куыд контрреволюцион знагиуæггæнæг организацийы активон хайадисты тыххæй. Æмæ уыдонæн дæр ахæм тæрхон. Репрессигонд чи æрцыд, уыдоны хсæн уыд сылгоймæгтæ-прокурортæ дæр, зæгъæм, Плиты Олгъа Семены чызг, кæцыйы уæхсджытыл уыд æрмæст профессионалон нæ, фæлæ карз хæстон фæлтæрддзинад дæр, кæцы бирæ азтæ батыдта лагерты. Репресситы йæхæдæг дæр чи бахауд, Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты уыцы хистæр зонадон кусæг Уанеты Владимир йæ мысинæгты фыссы, репресситæ йæ куыд асастой, уый тыххæй: «…нæ алы фембæлды рæстæджы дæр уый йæ кæуын нæ урæдта, мысыд, йе ввахс адæмæй чи фæмард, уыдоны, уыцы мысинæгтæ йыл æндæвтой тынг æппæрццагæй. (…) Уыдон нал уыдысты æнæниз адæймæгтæ, сæхи ма хатыдысты, бынтондæр искæуыл æууæнк чи фесæфта, ахæм æндæргты хуызæн. Тас, удæвдæрзæг тас сæ сбаста æфсæн рæхыстæй, нал сæ уагъта сулæфын æмæ æххæстхъом æмбæстаджы цардæй цæрын. Уыцы тас сæ уæгъд нал суагъта æмæ сæ царды кæронмæ баззад семæ цæргæйæ.
Документтæ куыд æвдисынц, афтæмæй историон æгъдауæй хуссарирыстойнаг прокуратурæ æгæрстæмæй æртынæм фыдазты дæр нæ уыд æнæтæрхонæй æфхæрæг орган. Уыцы мисси æххæст кæнын, бæрæг куыд у, афтæмæй æрхауд ГССР МХЪАК паддзахадон æдасдзинады РУК-ы органтæм. Уымæй дæр хуссарирыстойнаг информацион пункт (уæд афтæ хуынд Гуырдзыстоны УК дæлхай бынаты) тбилисаг контролы бын бакæныныл фæлвæрдæуыд суанг 1925 азы онг, фæлæ уыцы бафæлвæрдтытæ урæд æрцыдысты, нырма æнгомдзинад кæй хсæн уыд, Хуссар Ирыстоны автономон областы уыцы къухдариуæггæнджыты консолидацигонд æмæ фидар позициты фæрцы. Уый фæстæ азты уыцы тох ноджы тынгдæр райтынг, æмæ 1929 азы æмбисы, ирон чи нæ уыд, уыцы фыццаг серетары рæстæджы ивд æрцыд ППУ хуссарирыстойнаг дæлхайыл контроль кæныны уавæр; тбилисаг центрæн практикон æгъдауæй йæ къухы бафтыд ППУ-йы хаххыл Хуссар Ирыстоныл реалонæй контроль кæнын, ахæм ахсджиаг бынаты Тбилисæй æрвыст лæджы сæвæргæйæ. Дарддæр кодта æппæт ахсджиаг бынæтты дæр гуырдзиæгты уромыны хъуыддаг, афтæ ма 1934 азы ист æрцыд сæрмагонд уынаффæ, афтæ йæ схонгæйæ: «Х/И-йы ППУ æмæ милицийы фæдыл гуырдзиаг кусджыты тыххæй, цы ран фыстæуы уынаффæ: «ГССР КП(б) ЦК Парторганты Хайадæй æркуырдæуæд дыууæ бацæттæгонд гуырдзиаг-кусæджы – иу дзы УП Сконды Хистæрæй, иннæ та ППУ хаххыл». Уый фæстæ азæй-азмæ рæзын райдыдта гуырдзиаг структурæты активондзинад хусарирыстойнаг национадлон змæлд ныцъист кæныны фæдыл æмæ 1937 азы гуырдзиаг МХЪАК æрывнæлдта, кæйдæриддæр тыххæй сæм хæрзчысыл информаци дæр уыд ирон интерестæ бахъахъхъæныны тыххæй, уыдоны иууылдæр физикон æгъдауæй куынæг кæнынмæ. Фыццаграды сæ хъус æрдардтой Ирыстоны баиу кæныны идейæ кæмæ уыд, уыдонмæ. Ирон адæмы аккагдæр минæвæртты исын райдыдтой сæ куысты бынæттæй. Æмæ, фæндзайæм азтæй суанг æстайæм азты онг областон прокуратурæйы æппæты ахсджиагдæр бынæтты куыстой æрмæстдæр этникон гуырдзиæгтæ.
Æппæт азымтæ дæр арæзт цыдысты зæвæтæй цæвын æмæ лæдзæджы фæрцы Тбилисы ахæстоны камерæты. Чекистон нымудзджытæ сыл къæхтæ æмæ къухтæ æфтаугæйæ азымтæ æвæрдтой - «хъаст кодта уæлдæр хицауиуæгады бынæтты гуырдзиæгты кæй урæдтой, уый тыххæй», «уыд шпион» (æнæ уый куыд?), «сæйраджы та (уыцы азым практикон æгъдауæй уыд алы нымыгъды дæр) сидтис Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны баиу кæнынмæ». 1938 азы 18 марты фарста кæныны фæдыл суагъæты Гæдиаты Никъала æмæ Абайты Владимиры азымджын кæныны тыххæй иу æвдисæн дæтты ахæм зонæнтæ: «…1921 азы дæр Цæгат Ирыстоны рæгъмæ хастæуыд Хуссар Ирыстонимæ баиу кæныны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй фарст. Уыцы фарсты фæдыл махæн уыд æххæстбæрцон бастдзинад хуссарирыстойнаг къухдариуæгадимæ, кæцыйы сæргъ уæд лæууыдысты Дзадтиайы-фырт, Абайы-фырт, Гæдиайы-фырт æмæ Бекуызары-фырт…»
1935 азы Гуырдзыстоны Совнаркомы минæвар Мгалоблишвили йæ бæлвырдгæнæнты тугтæригъæдты бын фæкодта йæ хуссарирыстойнаг коллегæты, цыма сæ æнæразыдзинад æвдисынц Бериямæ ахасты, цыма Хуссар Ирыстоны «хъыгдарынц», цыма Гуырдзыстоны КП ЦК æмæ СНК йæ хъус нæ дары адæмон хæдзарады рæзтмæ, сæудæджерадон куыстуæттæ, фæндæгты арæзтадмæ, скъолаты, коммуналон хæдзарады, цæрæнуатон объектты рæзтмæ, цыма бюджетæй тона кæнынц æмæ афтæ дарддæр. Уыцы процесстæ цыдысты ХИАО социалон-экономикон рæзты ныццауæзт дарддæр кæныны уавæрты.
Прокуророн æхсæнады цъус нæ уыд цæсгомджын чи уыд, балхæнæн кæмæн нæ уыд, бархалынад æмæ æнæрæстдзинадыл чи никуы сразы уыдаид, ахæм кусджытæ, кæцытæ æххæстбæрцæй æмбæрстой, цы цæуы, уый, цауты ахæм рæзт цæмæ æркæндзæн, æмæ ирон адæммæ цы тасдзинад æнхъæлмæ кæсы, уыдæттæ. Кæцытæ "проявляли характер", архайдтой æнæзакъонæй ахсыны, Гуырдзыстоны МХЪАК органты фæдагурæн аппараты уæгъдидондзинад, мæнг уголовон хъуыддæгты ныхмæ æрлæууын, сæ хъару æмæ сæ сæ уавæртæ цас амыдтой, уымæй архайдтой, кæй сын расидтæуыд, уыцы режимы ныхмæ æрлæууыныл. Областон прокуратурæйы нæ фæндыд политикон терроры хайад исын, æмæ йæ къухдариуæггæнджытæ бахаудтой уæззау уавæры. Гуырдзыстоны хицæуттæ хорз æмбæрстой – Хуссар Ирыстоны прокурортæ цæттæ кæй не сты, уыдонæн пайда чи уа, ахæм уынаффæтæ рахæссынмæ. Ахæм позицийæ разы куыд хъуамæ уыдаиккой МХЪАК ы органтæ – уыдонæн сæ цæстмæ дардтой «адæмы знæгты ныхмæ тохы фæстиуджыты лæмæгъ рæзт» æмæ «классон къæрцхъусдзинад ныццауазын», æмæ уæд фæзындысты мæнг нымыгъдтытæ, сзыгъуыммæгонд азымтæ, уголовон хъуыддæгтæ, нырыккон цæстæнгасæй кæсгæйæ бынтондæр æруадзæн кæмæн нæй, ахæмтæ.
Прокуророн кусджытæн бакуыстгонд æрцыд сæхи сæрмагонд «трафарет»: куыд фæтк, афтæ уголовон хъуыддæгты нысанчындæуыд, цыма кæцыдæр прокурор цæуы адæмы знæгтимæ тох кæныны ныхмæ, æнæбындурæй нæ разы кæны æрцахсыны тыххæй санкцитæ дæттыныл, фæстæмæ здахы контрреволюцион хъуыддæгтæ, «цæсгомджын» чекистты йæ ныхтæ садзы лыстæг хъуыддæгты тыххæй. Уайтагъд фæзынд цавæрдæр оперативонæй бацæттæгонд хъуыддаг, кæцы æвдыста националон нысанмæздæхт чи уыд, ахæм мæнг антисоветон «дæластæрдон» куыст раргом кæнын, кæнæ та прокуратурæйы чи рæгъæд кæны, ахæм знагиуæгон бадзырды тыххæй. Уæлдай тыхджындæр æмæ дзырддзæугæдæр прокурорты алырдыгæй «цасмæлхъывд» бакодтой. Сæ ныхмæ дæргъвæтин рæстæджы уырзæвзæрстæй æмбырд кодтой компромат, уымæй дæр, иннæ ахстытæй юристтæм къаддæр æнæадæймагон ахаст не вдыстой, æмæ фæстæдæр, уыдон иннæтæй фылдæр кæй зыдтой, уый тыххæй сæ дæлдзиныг кодтой уæлдай æгъатырдæрæй, æвзарын сын кодтой, быхсæн кæмæн нæ уыд, ахæм рыст æмæ хъизæмæрттæ. Прокуратурæйы уыцы кусджытæ, кæцытæ сæ ныфс бахастой ахстыты ныхмæ, мæнг азымтæ закъонæй æвзарыны тыххæй цыфæнды бартæ дæр халыны ныхмæ рацæуынмæ, репрессигонд æрцыдысты æмæ сæ фехстой æнæ тæрхон рахæсгæйæ, кæнæ хаст æрцыдысты афтæхуыйнæг «кусæгон лагертæм», æцæгæй та мæлæтмæ – стонгдзинад, уазал æмæ удæвдæрзæг цагъарадон куыстæй.
« Фæуæлдæр сты æнæ тæрхон рахæсгæйæ æфхæрыны системæйы «тæрæзтæ», афтæхуыйнæг «тройкæ» - æнæ тæрхон рахæсгæйæ куынæггæнæн орган, кæцы мæлæты профессионалон скондæй нæ уыд, фæлæ йе сконды уыдысты гуырдзиаг «титулон» нацийы минæвæрттæ. Æмæ уыцы системæ йæ аууон бакодта æрмæст прокуратурæйы нæ, фæлæ тæрхондоны дæр, адвокатурæйыл (кæцыйæн ма лæвæрдæуыд æрмæстдæр уæлдайаг иугæнды нысаниуæг) та дзырд дæр нал цыди.
Æгæрыстæмæй формалон закъондзинад хъахъхъæныны æмвæзадыл дæр, зæгъæм, гæнæн ис дзурæн Джиоты Захары фырт Темболы реабилитацион хъуыддагагмæ гæсгæ дæр, цы ран нысан цæуы, цыма йæ фехсыны тыххæй Гуырдзыстоны ССР МХЪАК «тройкæ» уынаффæ рахаста 1937 азы 15 августы, афтæмæй та фæдагуырд фæуыны тыххæй суагъæ фыст æрцыд 1937 азы 7 октябры, кæцыйыл йæ къух фыссы Джиоты Тембол. Афтæ цæуы æмæ йæ фехсыны тыххæй уынаффæ рахастæуыд, цалынмæ хъуыддаджы фæдыл фæдагуырд фæцис, уæдмæ, кæннод та хъуыддаджы фæдыл фæдагуырд фæуыны тыххæй суагъæ фыст æрцыд Джиойы фырты фехсыны фæстæ йæ мæнг къухфыстимæ. Кæнæ ма иу, уый дæр, кæй фехстæуыд, ахæмы, Багаты Раздены фырт Герсаны хъуыддаг, кæцыйы ис æрмæстдæр Багайы фырт йæхиуыл кæй æвæры, ахæм азым, цыма йæ басайдтой контрреволюцион организацимæ, æмæ машинкæйыл мыхуыргондæй Дзидздзойты И. П. зонæнтæ «фыдракæнды» уавæрты тыххæй æнæ йæ къухфыстæй.
Гуырдзиаг партион-паддзахадон прогрессивон халынады процессы иу æвдисæныл банымайын хъæуы раздæры прокурор Санахъоты Матейы алфæмблай чи райтынг, уыцы тохы цæхгæр ахаст æмæ йæ хъуыддаджы фæдыл политикон нысаниуæджы уынаффæ рахæссын, кæцымæ гæсгæ хæстон командир фыдудæй марынмæ лæвæрд æцыд тбилисаг къухдариуæгадмæ æмæ йæ систой партийы рæнхъытæй, «раздæр партийы ныхмæ кæй уыд, уый бамбæхсын æмæ æндæр антипартион къахдзæфты тыххæй».
Афтæ ма æгъатырæй æфхæрд цыдысты тæрхонгæнджытæ дæр, милицийы кусджытæ, МХЪАК кусджытæ, партион æмæ советон кусджытæ, кæцытæ сæ уавæртæм гæсгæ архайдтой куынæггæнæг уæгъдибарады ныхмæ æрлæууыныл, тырныдтой, кæй фæдыл зылдысты, уыцы æмбæстæгтæн исты хуызты баххуыс кæнынмæ. Ахæм хуызы хъуыддæгты фæдыл иууыл арæхдæр пайда кодтой мæлæты тæрхон рахæссыны æфхæрдæй. Хуссар Ирыстонæн репресситы фæстиуджытæ, æцæгæй дæр, уыдысты, йæ бындур ын чи зилын кодта, ахæмтæ.
Дæргъвæтъин рæстæджы дæргъы махæй æмбæхстой рæстдзинад легендарон хъайтарты тыххæй, нæ уагътой Райгуырæн бæстæйы æцæг патриоттæн æмбæлон кад кæнын, архайдтой диссаджы гоймæгты хъысмæт историйæ схафыныл, кæцытæ сæ цард снывонд кодтой нæ адæмы бартæ æмæ интерестæ хъахъхъæнынæн, ацы проблемæйы фæдыл æрмæджытæ уырзæвзæрстæй цыдысты цензурæгонд æмæ сыл дуæрттæ фидар æхгæдтой. Хуссар Ирыстонæн йæхи мидæг уыцы репресситы тыххæй æрмæджытæй практикон æгъдауæй ницыуал баззад, иууылдæр ласт æрцыдысты Тбилисмæ.
Хуссар Ирыстоны антигуырдзиаг зæрдæйыуаг кæй никуы уыдис, уый у бæстон документацигонд чи æрцыд, ахæм факт. Æнæхъæн Ирыстон æвдай азы дæргъы сыбыртт не скодта 1918-1920 азты æмæ æртынæм азты хуссайраг ирæтты æргомæй кæй куынæг кодтой, уый тыхæй.
Дыууынæм азты прокурортæ æмæ Хуссар Ирыстоны дыууынæм æнусы райдианы трагикон цауты æндæр хайадисджыты мысинæгтæ, кæцытæ мыхуыры рацыдысты Цхинвалы 1957 æмæ 1960 азы уырыссаг æмæ ирон æвзагыл, лæмæрст æмæ æхсæст æрцыдысты рæстæджы æндæвдадмæ гæсгæ, æмæ сæ геноциды тыххæй дзырд цæуы æрмæстдæр Ирыстоны советон хицауад расидын чи сорганизаци кодта, уыдонмæ гуырдзиаг меньшевикты классон æнæуынондзинады контексты.
Мах бахъуыд бирæ дæсгай азтæ, цæмæй æппынфæстаг фервæзæм идеологион хæрвæй æмæ райдайæм уыцы стыр адæймæгтæн, Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы фыдтæ-бындурæвæрджытæн, Ирыстоны номдзыд фырттæн сæ ном арын, æмæ мах репрессигонд коллегæты мысынады раз нæ хæс сæххæстгондыл нæ банымайдзыстæм, цалынмæ кæддæры хъуыстгонд нæмттæ, кæцытæ уый бæрц азты дæргъы дзырдтой æрмæстдæр сусæгæй, нæ райдайой хъæрæй хъуысын.
Гуырдзыстоны æхстæрцæуæг номхыгъдтæм гæсгæ нæ репрессигонд коллегæтæй йæ цард кæмæн аскъуыд, уыдонæй алкæй хъысмæты тыххæй дæр – кæцыты фæстæ ис сæ комкоммæ фæстагæтты дæсгай æмæ сæдæгай трагедитæ: сывæллæттæ, хъæбулы хъæбултæ, уыдоны хъæбултæ, кæцытæ нæ зонынц, кæм сты сæ ингæнтæ, кæм аскъуыд се ввахс адæмы цард… Кæм кæуой сæ мæрдтыл? Кæдæм бахæссой дидинджытæ? Кæдæм бацæуой æмырæй алæууынмæ? Кæм радзурой æрыгæттæн нæ царды трагикон этапты тыххæй?
Хъыгагæн, 30 октябры, политикон репресситы амæттæгты Номарæн бон Ирыстоны хуссайраг хайы куыд фæтк, афтæ паддзахадон æмвæзадыл ницы мадзæлттæ фæцæуы уагъд. Ирыстонæн йæ цæгат хайы алы аз дæр, политикон репресситы амæттæгты Номарæн бон Дзæуджыхъæуы Плиты Иссæйы уынгыл «Цæссыджы дур»-ы цырты цур уагъд æрцæуы традицион митинг, æппæт не мфыдыбæстæйонты цытæн, кæцытæ æнæхъуаджы мард фесты æмæ рацыдысты ивгъуыд æнусы лагерты фæндагыл. Уыцы бон, чи фæмард, уыдоны ном ссарыны тыххæй, цыртыл дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрын æмæ ахæм фидар фæндондзинад равдисынмæ, куыд здæхæн нал ис æнæзакъондзинадмæ, политикон репресситы амæттæгты Æппæтуæрæсеон организацийы цæгатирыстойнаг хайады фæхуындмæ гæсгæ ардæм æрбацæуынц хицауады, барадхъахъхъæнæг организациты минæвæрттæ, репрессигонд адæмы хиуæттæ.
Репрессигонд чи æрцыд, уыдон тыххæй мысын – уый у фидæныл аудын, уый у нæ табуйаг æмæ хæзæгъдауон хæс. " Политикон репресситы амæттæгты среабилитаци кæныны тыххæй" 25.06.2003 азы истæрцæуæг Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон бар дæтты сæ æмбæстагон бартæ сын сæндидзын кæнын, уæгъдибарады æндæр фæстиуджытæ сын аиуварс кæнын æмæ сæ ныры рæстæджы материалон æмæ моралон æфхæрды тыххæй компенсацийæ сифтонг кæнын.
Кæйдæриддæр хъуыддæгтæ сбæрæг сты, уыцы прокурортæ се ппæт дæр реабилитацигонд æрцыдысты фæндзайæм-æхсайæм азты, фыракæнддзинад сæм кæй нæ разынд, уый тыххæй, уголовон хъуыддæгтæ æхгæд æмæ урæд æрцыдысты, цаутæ кæнæ сæ фыдракæнддзианæдтæ кæй нæ уыд, уый тыххæй. Уыцы адæмæй хъуамæ цæвиттон исой прокуророн кусджыты æрыгон фæлтæр куыд Фыдыбæстæ æмæ раттæг адæмæн æцæг патриотты удуæлдайæ лæггад кæнынады дæнцæг, паддзахадон хъуыдыкæнынад кæмæн уыд, уыдонæй, намыс æмæ бæрндзинад æнкъарæг адæмæй, зондджын æмæ фæндвидар адæмæй. Хъæуы дзурын уыдоны тыххæй, сæ цард æмæ сæ архайды тыххæй, цæмæй Ирыстоны арæнтæн æддейæ дæр зоной, Ирыстон кæй у ахæм стыр лæгты Райгуырæн бæстæ, кæцытæ арæх йæ сæрвæлтау сæ цардæн тасдзинадыл нæ хъуыды кодтой хæстон, æмæ æгæрыстæмæй сабыр дуджы дæр. Уыдонæн сæ ном арын – уый у махæн нæ табуйаг æмæ хæрзæгъдауон хæс. Уый, æцæгæй дæр, хъæуы мæрдты нæ, фæлæ удæгæсты..
Æнустæм цæрдзысты нæ зæрдæты нæ кадджын фыдæлты рухс нæмттæ. Рухсаг уæнт…
Æнусон цыт сын!
Мысынады чиныгыл куыст дарддæр цæуы. Мах хъавæм йæ адарддæр кæнынмæ, ноджы лæмбынæгдæр хъуамæ ныккæсæм нæ диссаджы хъæздыг историйы æрфытæм. Азтæм æмæ адæймæгты хъысмæттæм. Æмæ хъуамæ æнæмæнг фæстæмæ раздахæм ноджы æндæр репрессигонд коллегæты сыгъдæг нæмттæ дæр. Уымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны репрессигонд прокурорты æввахс адæм æмæ фæстагæтты тыххæй чидæриддæр исты зоны, уыдонмæ сидгæйæ, курæг стæм, цæмæй нæм æрбадзурой ахæм номырмæ: +7 (8502) 45-41-91, кæнæ ныффыссой: sogenproc@mail.ru.