Гасситы Никъала Максимы фырт
Райгуырд 1897 азы. Дзауы хъæууон скъола каст фæуыны фæстæ æнтысгæйæ каст фæцис Гуры гимназ. 1919 æмæ 1920 азты ахуыргæнæгæй куыста Уахтанайы хъæуы. 1919 азæй фæстæмæ уыд большевикон партийы уæнг. Активон хайад иста Хуссар Ирыстоны революцион растадты. 1920 азы растад куы ныцъист кодтой, уæд Хуссар-Ирыстойнаг дыккаг бригадæйы рæнхъыты Цæгат Кавказы Бургъустаны бынмæ тох кодта урсгвардионты ныхмæ. Тас чи нæ зыдта, уыцы хæстон, хæстон цауты гуылфæнмæ барвæндонæй бацæуæг, Гассийы-фырт æрвыст æрцыд уæззау артиллерийы командон курсытæм. 1921 азы Гасситы Никъала хайад райста кронштадтскаг контрреволюцион растад бацъист кæныны хъуыддаджы.
1921 азы апрелы демобилизацигонд æрцыд Сырх Æфсады рæнхъытæй æмæ æрыздæхт Хуссар Ирыстонмæ. Ам йæхи хатыд, куыд хи хæдзары, афтæ æмæ хъуыды кодта, растæндæр ам хуыздæр ахъаз кæй фæуыдзæн йæ райгуырæн бæстæйæн. Хæстон æхсыстдзинад æмæ хæлардзинад, экстремалон уавæрты адæмимæ иу æвзаг ссарыны фæлтæрдзинад ын æххуыс кодтой сабыр рæстæджы дæр. Гассийы-фырт зындзинæдтæй никуы тарст, уый сыл æмбæлд ныхæй-ныхмæ; хæсты бавзаргæ зындзинæдты цур æм сабыр рæстæджы æвзаргæ царды зындзинæдтæ бынтон уæлæнгай кастысты.
1921 азæй 1929 азмæ Гасситы Никъала куыста бæрнон бынæтты: нырма Хъорнисы, стæй та Лехурагомы партийы райкомты нымæрдарæй, Хуссар Ирыстоны Централон Æххæстгæнæг Комитеты Президиумы нымæрдарæй, Рухсады наркомæй, мидхъуыддæгты наркомæй, Хуссар Ирыстоны автономон областы прокуроры хæдивæгæй.
Авторитетон адæймаг, коллективы цытимæ ахаст ын уыдысты карьерон рæзты сæйраг бындуртæ. Гасситы Никъалайы службæйон характеристикæйæ: «…Карз моментты дзы ратас-батас æмæ иуварсдзинад никуы фæхатыдæуыд… Карьеризмы, бюрократизмы рдæм никуы атасыд, никуы дзы фæхатыдæуыд къордтæ дихтæ кæнынмæ ахст». Уыцы хийæдтæ Никъала Максимы фыртæн уыдысты йе мбæлццон суанг йæ царды кæронмæ.
Никъала Максимы фырт æрмæст курдиатджын æмæ намысджын прокуророн кусæг нæ уыд, фæлæ ма уыд хорз бинонты хицау дæр, йæ цардæмбал Дзадтиаты Михелы чызг Сонаимæ схъомыл кодтой æртæ фырты. Хуссар Ирыстоны алкæмæн дæр хорз зындгонд сты Никъала Максимы фырты фæдонтæ — йæ фырт Гасситы Знауыр Никъалайы фырт, политикон æмæ æхсæнадон архайæг, 2004-2009 азты Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сæрдар, афтæ йæ фырты фырты фырт — Гасситы Знауыр Никъалайы фырт, 2015 азæй фæстæмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы.
1923 азы Гасситы Никъалайы службæйон характеристикæйы нысан цæуы: «…Ныфсæвæрæн дзы ис, фидæны кæй уыдзæн, стыр аргъ кæмæн уа, ахæм аккаг кусæг». Хъыгагæн 40 азы дæр æххæстæй нæ фæцард Никъала Максимы фырт: 1937 азы 3 декабры йын рахастæуыд фехсыны тæрхон, йæ исад дæр ын байсгæйæ. Уый репрессигонд æрцыд 1937 азы, йæ нысан Советон хицауиуæгад раппарын кæмæн уыд, ахæм контрреволюцион архайды уæнгыл æй банымайгæйæ æмæ йыл стæрхон кодта ГССР Мидхъуыддæгты Адæмон камиссариаты тройкæ. Реабилитацигонд æрцыд 1956 азы 26 июны. (Зонæнты гуырæн: Гуыдзыстонæй райсгæ Сталины номхыгъдтæ).
Гасситы Максимы фырт Никъалайы рухс ном цæрæнбонтæм баззайдзæн, йемæ чи куыста, чи службæ кодта, йемæ зонгæ чи уыд, уыдоны зæрдæты. Цæрæнбонтæм баззайдзæн мах зæрдæты дæр.
. Рухсаг уæт!