Иронау
Рус
Сайты картӕ
Разамынд
  • Генералон прокурор
  • Генералон прокуроры хæдивджытæ
  • Сахары æмæ районты прокурортæ. Æфсæддон прокурор
Арæзт
  • Генералон прокуратурæйы сконд
  • Прокуратурæйы оргæнты сконд
Прокуратурæ
  • Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы истори
  • Республикæ Хуссар Ирыстоны прокурортæ
  • Геральдикӕ
Документтæ
  • Архайды бары бындур
  • Нормативон барадон акттæ
Æхсæнадæмон æмгуыстад
  • Бындурон документтæ
  • Æхсæнадæмон барзонады фæткдары æмгуыскæнынады хайад
Массон информациимæ архайд
  • Хабӕрттӕ
  • Прокуроры раныхас
  • Дзыллон информацийы фӕрӕзтæн
  • Конкурс
Барадон рухсад
  • Информацион æрмæгтæ
  • Прокурор æмбарын кæны
  • Курдиатты хуызæгтæ
Бастдзинад
  • Курдиатты уагæвæрд
  • Интернетон исæнуат
  • Исыны график
  • Прокурор æмбарын кæны
  • Разамынд
    • Назад
    • Разамынд
    • Генералон прокурор
    • Генералон прокуроры хæдивджытæ
    • Сахары æмæ районты прокурортæ. Æфсæддон прокурор
  • Арæзт
    • Назад
    • Арæзт
    • Генералон прокуратурæйы сконд
    • Прокуратурæйы оргæнты сконд
  • Прокуратурæ
    • Назад
    • Прокуратурæ
    • Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы истори
    • Республикæ Хуссар Ирыстоны прокурортæ
    • Геральдикӕ
  • Документтæ
    • Назад
    • Документтæ
    • Архайды бары бындур
    • Нормативон барадон акттæ
  • Æхсæнадæмон æмгуыстад
    • Назад
    • Æхсæнадæмон æмгуыстад
    • Бындурон документтæ
    • Æхсæнадæмон барзонады фæткдары æмгуыскæнынады хайад
  • Массон информациимæ архайд
    • Назад
    • Массон информациимæ архайд
    • Хабӕрттӕ
    • Прокуроры раныхас
    • Дзыллон информацийы фӕрӕзтæн
    • Конкурс
  • Барадон рухсад
    • Назад
    • Барадон рухсад
    • Информацион æрмæгтæ
    • Прокурор æмбарын кæны
    • Курдиатты хуызæгтæ
  • Бастдзинад
    • Назад
    • Бастдзинад
    • Курдиатты уагæвæрд
    • Интернетон исæнуат
    • Исыны график
    • Прокурор æмбарын кæны
  • Ӕвзаг
    • Назад
    • Ӕвзаг
    • Ирон
    • Рус
    • Eng
  • Facebook
  • Twitter
  • YouTube
  • Instagram
  • Telegram
  • Сæйраг
  • Геноцид
  • Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы репрессигонд къухдариуӕггӕнджыты ссӕдзӕм сӕдӕазы ӕртынӕм азты политикон репресситы амӕттӕгты хъыгдзинад ӕмӕ мысынады чиныг
  • Подробно

Плиты Олгъæ Семены чызг

Райгуырд 1899 азы Дзауы районы. 1918 азы каст фæцис Гуры сылгоймæгты гимназ. 1919 азæй куыста Тифлисы æфсæнвæндаджы скъолайы ахуыргæнæгæй, 1920 азæй та Дзæуджыхъæуы сывæллæтты хæдзары ахуыргæнæгæй. Уыцы аз кусын райдыдта СЦКП Цæгат Ирыстоны областон комитеты хæххон сылгоймæгты хсæн куысты фæдыл инструкторæй. 1920 азы октябры мæйы делегатæй æрвыст æрцыд Мæскуымæ Æпæтуæрæсейаг сылгоймæгты съездмæ.

Плиты Ольгæйы уæхсджытыл æрæнццад æрмæст профессионадлон нæ, фæлæ тызмæг хæстон фæлтæрддзинад дæр. Советон хицауиуæгад æрфидар кæныны хайадисджыты мысинæгтæм гæсгæ Ольгæ Семены чызг нымад цыдис фæндвидар, æнæбасæтгæ æмбалыл. Сырх партизан Плион йæхи сæрмагонд цæвиттонæй разæнгард кодта Хуссар-Ирыстойнаг бригадæйы хæстонты зымæгон уæззау уавæрты Цæгат Ирыстонæй Хуссармæ æфцæгыл хизыны рæстæджы, æмæ дарддæр йæхæдæг дæр хайад иста 1921 азы хæстон архайдтыты.

Галойты Алыксандры (Тъотъо) партизанон æрдонгы сконды уæвгæйæ уый ахызт Зикъарайы æфцæджы сæрты æмæ активон хайад райста Ирыстонæн йæ хуссар хайы Советон хицауиуæгад æрфидар кæныны сæрыл тохы. 1935 азы марты мæйы Гаглойты Тъотъо йæ мысинæгты фыста: «… Митæмбæрзт хæхтыл хизгæйæ нæ хæстонтæ равдыстой æнахуыр фæразондзинад. Мæ бон нæу, ма банысан кæнон, не рдонгы сконды чи уыд, уыцы чызг, Компартийы уæнг Плиты Ольгæйы удвидардзинад, кæцы æд хæцæнгарз цыдис немæ, хæстон стæры куыд вæййы, ахæм цыдæй…»

Дыууынæм æнусы дыууынæм азты Хуссар-Ирыстойнаг ревкомы хайадисæг Гæззаты Владимир Хуссар Ирыстоны дыууынæм азты æрцæугæ цауты тыххæй мысинæгты фыста, Плиты Ольгæмæ кæй уыд диссаджы ораторы курдиат æмæ йæ бон кæй уыд адæмы зæрдæтæ ссудзын кæнын, æмæ ирон партизантæн та кæй уыд сæ удлæууæн: «… уый махæй алкæмæн дæр уыд куыд туг æмæ стæгæй хо… Нæхи Оля…» Уый хуыдтой «нæхи Оля», «нæ хо». Уыцы ныхæсты бирæбæрцæй зыны, цахæм цытимæ ахаст дардтой Ольгæ Семены чызгмæ. Ольгæ Семены чызгæн Хуссар Ирыстоны 1917-1921 азты цауты тыххæй йæхи мысинæгтæ цардæгас æмæ парахатæй дзурæг сты авторы æнæфæцудгæ фæлтæрддзинадыл, кæцы фæхаста йæ царды дæргъы, хæстыты, революцийы, æфхæрддзинады, политикон фæдылзилынады, Ирыстоны ныддихтæ кæныны ныхмæ змæлды сæрты. Советон хицауиуæгады фæуæлахизы фæстæ ссис ног царды активон аразæг. 1925 азы каст фæцис Мæскуыйы Паддзахадон Университеты юридикон факультет. Ахуыры æмрæстæджы куыста Æппæтцæдисон Коммунистон Партийы (б) Мæскуыйаг комитеты. Уый фæстæ азты тæрхонгæнæгæй куыста горæт Мæскуыйы Краснопресненскы районы, куыста цалдæр бæрнон бынæтты Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр горæтты, уыд горæт Бакойы нефткуыстгæнæг заводы парткомы нымæрдар, Æппæтцæдисон Коммунистон Партийы (б) Фæскавказы крайон комитеты аппаратты. Уыд Гуырдзыстоны сылгоймæгты 1-аг съезды делегат. Фæстæмæ Хуссар Ирыстонмæ æрбаздæхгæйæ куыста автономон областы прокуратурæйы. Репрессигонд æрцыд 1937 азы, бирæ азтæ арвыста лагерты. Реабилитацийы фæстæ куыста Хуссар Ирыстоны паддзахадон музейы хистæр зонадон кусæгæй.

Плиты Ольгæйы истори у – æртынæм азты Хуссар Ирыстоны алы адæймаджы уавæр дæр æрдуйы хидыл ауыгъд кæй уыд, ахæм цæвиттонтæй иу. Репресситы йæхæдæг дæр чи бахауд, Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты уыцы хистæр зонадон кусæг Уанеты Владимир йæ мысинæгты фыссы, репресситæ йæ куыд асастой, уый тыххæй: «…нæ алы фембæлды рæстæджы дæр уый йæ кæуын нæ урæдта, мысыд, йе ввахс адæмæй чи фæмард, уыдоны, уыцы мысинæгтæ йыл æндæвтой тынг æппæрццагæй. (…) Уыдон нал уыдысты æнæниз адæймæгтæ, сæхи ма хатыдысты, бынтондæр искæуыл æууæнк чи фесæфта, ахæм æндæргты хуызæн. Тас, удæвдæрзæг тас сæ сбаста æфсæн рæхыстæй, нал сæ уагъта сулæфын æмæ æххæстхъом æмбæстаджы цардæй цæрын. Уыцы тас сæ уæгъд нал суагъта æмæ сæ царды кæронмæ баззад семæ цæргæйæ».

Ольгæ Семены чызг цардæй ахицæн 1967 азы.

Плиты Ольгæ Семены чызгы рухс ном цæрæнбонтæм баззайдзæн нæ зæрдæты.  Рухсаг уæд!

Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы репрессигонд къухдариуӕггӕнджыты ссӕдзӕм сӕдӕазы ӕртынӕм азты политикон репресситы амӕттӕгты хъыгдзинад ӕмӕ мысынады чиныг
Нюрнбергский процесс
Оккупация
Прокуратурæ
Генералон прокурор
Генералон прокуроры хæдивджытæ
Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы истори
Хуссар Ирыстоны прокурортæ
Геральдикæ
Арæзт
Генералон прокуратурæйы арæзт
Сахары æмæ районты прокурæтуратæ.Æфсæддон прокуратурæ
Массон информациимæ архайд
Хабæрттæ
Цаутæ æмæ мадзæлттæ
Прокуроры раныхас
Дзыллон-информацион фæрæзтæн зонынæн
Конкурс
Генералон прокуратурӕмӕ курдиатты фӕдыл бӕрӕг

+7 (8502) 45-31-92
Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы иумæйаг æмæ сæрмагонд хъуыддагкæнынады хайад
Электронон курдиатты фӕдыл бӕрӕг

+7 (8502) 45-41-91 +7 (929) 809-27-77
© 2019 - 2025 Генеральная прокуратура Республики Южная Осетия
Все права защищены.