Санахъоты Гаврил Иваны фырт
Куыста прокурорæй Наркомюсты ивгъуыд æнусы дыууынæм-æртынæм азты райдайæны, 1924-1925 азты уыд Хуссар Ирыстоны Автономон областы прокурор, ССР Цæдисы Централон Æххæстгæнæг Комитеты Нациты хъуыддæгты фæдыл Советы уæнг (1927-1929 азты).
Уый фæстæ куыста ахуыргæнæгæй скъолайы, у ирон æвзагыл географийы ахуыргæнæн чиныджы автор. Уыцы рæстæджы бирæ ирон рухстауджыты, фысджыты ахстой æмæ æхстой, ирон æвзаджы иумæйаграйст латинаг дамгъуатæй гуырдзиаг графикæмæ ахизыныл кæй нæ разы кодтой, ахуырадон уагдæтты фæстæмæ ирон æвзагæй пайда кæнын кæй домдтой, æмæ ирон скъолатæ сæхгæныны ныхмæ кæй уыдысты, уый тыххæй.
Сæ мидисмæ гæсгæ цыбыр, фæлæ аргъ кæмæн нæй, ахæм мысинæгтæм гæсгæ цæстыты раз сысты, диссаджы адæймаджы фæлгонц, кæцыйы нысаниуæг фыдыбæстæйон истори æмæ культурæйы куыд ахсджиаг у, уый бамбарыны тыххæй мах нырма бирæ цыдæртæ саразын хъæуы.
Репрессигонд æрцыд 1936 азы. Стæрхон ыл кодта Гуырдзыстоны ССР Мидхъуыддæгты министрады адæмон камиссариаты тройкæ. Фæстæдæр æрцыд реабилитацигонд. Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты хистæр зонадон кусæг, реприссигонд адæмыл цы цъуснымæц чингуытæ рацыд, уыдонæй сæ иуы автор Уанеты Владимиры историн-биографион очеркты кæсæм: «…ам чиныджы ис скъуыддзаг Солженицыны «Архипелаг Гулаг»-æй: «Центыр чекисттæн бахæс кодта, цæмæй æрцахсой æмæ скуынæг кæной 500 буржуазон националисты. Уайтагъд Ирыстонæй райстæуыд куырдиат: махæн 500 цъус у, бафтаут ма сæм 250». Æцæгæй та адæм репрессигонд цыдысты мингæйттæй. Уыдонæй 12 – сылгоймæгтæ. Бадын сæ кодтой афтæ, бынтон æнæаххосæй. Сæхæдæг дæр æй нæ зыдтой, цæй тыххæй сæ ахстой, уый. Цæвиттон æрхæссæм Санахъоты Гаврилæй. Уый ирон æвзагыл ныффыста географи ахуыргæнæн чиныг. Стæрхон ын кодтой 10 азы, æмæ йæм йæ цардæмбал ацыд. Уый куыста мæ мадимæ, æмæ мын уый радзырдта, куы фембæлдысты, уæд æй уый бафарста: цы дзурынц уым, цæй тыххæй мæ æрцахстой? Уыдон нæ зыдтой, цæй тыххæй сæ ахстой, уый. Афтæмæй та сæ ахстой уый тыххæй, ирон интеллигенцийы минæвæрттæ кæй уыдысты. Уæд паддзахады мидæг ахæм репресситæ цыдис алы ран дæр. Фæлæ уыцы репресситæн Гуырдзыстоны уыдис спецификон æууæлтæ. Гуырдзиæгтæ куынæг кодтой, 20-æм азы сæ ныхмæ чи тох кодта, уыцы ирæтты, æмæ кæцытæн сæ бон уыд куыддæрты ирон адæмы бахъахъхъæнын. Æмæ уыдон фактон æгъдауæй скуынæг кодтой ирон интеллигенцийы хуыздæрты…».
Санахъоты Гаврил Иваны фырты мысгæйæ мах нæ сæртæ къул кæнæм стыр Гоймаг æмæ стыр дамгъæйæ Ахуыргæнæджы раз, кæцы уыдис хæларзæрдæ æмæ сыгъдæгуд адæймаг. Йæ сыгъдæг ном кæддæриддæр цæрдзæн нæ зæрдæты… Рухсаг уæд!