Иронау
Рус
Сайты картӕ
Разамынд
  • Генералон прокурор
  • Генералон прокуроры хæдивджытæ
  • Сахары æмæ районты прокурортæ. Æфсæддон прокурор
Арæзт
  • Генералон прокуратурæйы сконд
  • Прокуратурæйы оргæнты сконд
Прокуратурæ
  • Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы истори
  • Республикæ Хуссар Ирыстоны прокурортæ
  • Геральдикӕ
Документтæ
  • Архайды бары бындур
  • Нормативон барадон акттæ
Æхсæнадæмон æмгуыстад
  • Бындурон документтæ
  • Æхсæнадæмон барзонады фæткдары æмгуыскæнынады хайад
Массон информациимæ архайд
  • Хабӕрттӕ
  • Прокуроры раныхас
  • Дзыллон информацийы фӕрӕзтæн
  • Конкурс
Барадон рухсад
  • Информацион æрмæгтæ
  • Прокурор æмбарын кæны
  • Курдиатты хуызæгтæ
Бастдзинад
  • Курдиатты уагæвæрд
  • Интернетон исæнуат
  • Исыны график
  • Прокурор æмбарын кæны
  • Разамынд
    • Назад
    • Разамынд
    • Генералон прокурор
    • Генералон прокуроры хæдивджытæ
    • Сахары æмæ районты прокурортæ. Æфсæддон прокурор
  • Арæзт
    • Назад
    • Арæзт
    • Генералон прокуратурæйы сконд
    • Прокуратурæйы оргæнты сконд
  • Прокуратурæ
    • Назад
    • Прокуратурæ
    • Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы истори
    • Республикæ Хуссар Ирыстоны прокурортæ
    • Геральдикӕ
  • Документтæ
    • Назад
    • Документтæ
    • Архайды бары бындур
    • Нормативон барадон акттæ
  • Æхсæнадæмон æмгуыстад
    • Назад
    • Æхсæнадæмон æмгуыстад
    • Бындурон документтæ
    • Æхсæнадæмон барзонады фæткдары æмгуыскæнынады хайад
  • Массон информациимæ архайд
    • Назад
    • Массон информациимæ архайд
    • Хабӕрттӕ
    • Прокуроры раныхас
    • Дзыллон информацийы фӕрӕзтæн
    • Конкурс
  • Барадон рухсад
    • Назад
    • Барадон рухсад
    • Информацион æрмæгтæ
    • Прокурор æмбарын кæны
    • Курдиатты хуызæгтæ
  • Бастдзинад
    • Назад
    • Бастдзинад
    • Курдиатты уагæвæрд
    • Интернетон исæнуат
    • Исыны график
    • Прокурор æмбарын кæны
  • Ӕвзаг
    • Назад
    • Ӕвзаг
    • Ирон
    • Рус
    • Eng
  • Facebook
  • Twitter
  • YouTube
  • Instagram
  • Telegram
  • Сæйраг
  • Геноцид
  • Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы репрессигонд къухдариуӕггӕнджыты ссӕдзӕм сӕдӕазы ӕртынӕм азты политикон репресситы амӕттӕгты хъыгдзинад ӕмӕ мысынады чиныг
  • Подробно

Санахъоты Мате Къыбылы фырт


Райгуырд 1886 азы Дзауы хъæуы. Каст фæцис аргъуанон приходон скъола. 1907 азы йæм æрсидтысты паддзахы æфсады службæмæ, службæ кодта фыццаг гредерскаг полчъы. Уый фæстæ æрвыст æрцыд æфсæддон училищемæ, кæцыйы каст фæуыны фæстæ йын лæвæрд æрцыд прапорщикы цин. 1914 азы æрвыст æрцыд Хуссар-Ныгуылæн фронтмæ.

Санахъоты Мате, æвæццæгæн, уыдзæн Ирыстоны историйы уæлдай кады аккагдæр архайджытæй сæ иу. Уый уыд æфсæддон лæг, 10 азы баслужбæ кодта паддзахы æфсады, рацыд салдатæй афицермæйы фæндаг, кæронмæ фæхæцыд Германы хæсты, хорзæхджын æрцыд паддзахы ордентæ æмæ Георгиевскы номылдарæн афицеры хæцæнгарзæй. У фыццаг дунеон хæсты хъæбатыр, Георгийы дзуæртты æххæст кавалер, сыгъдæг Аннæйы II æмæ III къæпхæнты орденты кавалер, хорзæхджын æрцыд сыгъдæг Станиславы II æмæ III къæпхæнты ордентæй, сыгъдæг Владимиры IV къæпхæны орденæй.

1917 азы Санахъоты Мате æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ æмæ райдыдта активон революцион куыст. 1918 азы майы мæйы бацыд большевикон партимæ. 1918 азы активон хайад райста душеттаг растады.

1919 азы слæууыд партизанон æрдонгы сæргъ, кæцы 1920 азы райдианы ацыд Цæгат Ирыстонмæ æмæ йын контакттæ уыд Цæгат Ирыстоны партизантимæ. 1920 азы Санахъойы-фырт æвзæрст æрцыд Цæгат-Ирыстойнаг Ревкомы уæнгæй, командæ кодта æрдонгыл, иста иууыл активондæр хайад Алагиры деникинон æфсæдды скуынæг кæныны хъуыддаджы.

Санахъоты Мате æфсæддон къухдаруæггæнæджы ролы комкоммæ хайад иста Гуырдзыстоны меньшевикон хицауады ныхмæ Хуссар Ирыстоны кусæг адæмы æппæт растадты дæр, командæ кодта 1920 азы хабæртты рæстæджы хуссарирыстойнаг æрдонгыл. Бæлвырддæр зæгъгæйæ командæ кодта полкæн, кæцыйы сконды уыдис 965 хæстоны, уыдонæн сæ 90% хæстон фæлтæрддзинад райстой Фыццаг Дунеон Хæсты. Бæлвырд у Санахъойы-фырт æмæ йе мтохгæнджытæ кæй сарæзтой æппæтæй дæр æмбæлон уагыл организацигонд эффективон хæстон баиугæнд. Мате йæ мысинæгты номхуындæй нымайы æрмæст фыццаг æмæ дыггаг батальонты командирты нæ, фæлæ ротæты командирты дæр, адьютантты æмæ афтæ дарддæр. Архивон æрмæджытæ, литературон гуырæнтæ куыд æвдисынц, афтæмæй йæ мысинæгтæ сты сур, нæлгоймагыл куыд æмбæлы, афтæ хиуылхæцгæ, нæй сæ уæлдай æппæлæн фразæтæ æмæ уæлахизы хабæртты тыххæй афыстытæ, фæлæ агайынц зæрдæйы рæбынтæм. Санахъоты Матейæн уыд стыр авторитет куыд Ирыстонæн йæ хуссар хайы, афтæ йæ цæгат хайы дæр. Йæ хæстон фæлтæрддзинад, хисæрмагонд хæдæфсармдзинад æмæ йæ хъуыддагыл æнувыддзинады тыххæй йæ алыварс æрæмбырд бирæ адæм.

Советон хицауиуæгады активон хайадисæг, бархион æрдонгты организатор, ЧОН командир, Советон хицауад куы æрфидар, уæд куста бирæ бæрнон бынæтты, уыд партийы райкомы инструктор, сæрмагонд нысаниуæджы æрдонгы командир, 1923 азæй прокуроры хæдивæг, Хуссар Ирыстоны Æсæддон комиссар.

Йæ цард Ирыстоны хуссар æмæ цæгат хæйттыл адих кæныны ныхмæ тохæн чи снывонд кодта, уыцы тыхджын æмæ цæстыахадгæ лидермæ Гуырдзыстоны Мидхъуыддæгты Адæмон Камиссариаты рдыгæй уыдис уæлдай æнæуынондзинад. Санахъойы-фырт цыдис йæ риуæмбæрц æмæ йын уый тыххæй рахастæуыд тæрхон: æхст. Æрцыд репрессигонд, йе рцахсыны мотив – уыд контрреволюцион организацийы уæнг. Фехстой йæ 1937 азы. Реабилитацигонд æрцыд 1956 азы.

Санахъоты Мате – ирон историйы трагикон фæрнджын хъайтар, кæцы бæлвырдæй фенын кодта, историйы гоймаджы роль кæй у сæйрæгтæй сæ иу. Ды цардтæ æмæ тох кодтай, куыд хъайтар, афтæ, ды æцæгæй дæр уыдтæ Ирыстоныл æнувыд хъæбул. Рухсаг у.

Æнусон цыт дын…

 

Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы репрессигонд къухдариуӕггӕнджыты ссӕдзӕм сӕдӕазы ӕртынӕм азты политикон репресситы амӕттӕгты хъыгдзинад ӕмӕ мысынады чиныг
Нюрнбергский процесс
Оккупация
Прокуратурæ
Генералон прокурор
Генералон прокуроры хæдивджытæ
Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы истори
Хуссар Ирыстоны прокурортæ
Геральдикæ
Арæзт
Генералон прокуратурæйы арæзт
Сахары æмæ районты прокурæтуратæ.Æфсæддон прокуратурæ
Массон информациимæ архайд
Хабæрттæ
Цаутæ æмæ мадзæлттæ
Прокуроры раныхас
Дзыллон-информацион фæрæзтæн зонынæн
Конкурс
Генералон прокуратурӕмӕ курдиатты фӕдыл бӕрӕг

+7 (8502) 45-31-92
Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы иумæйаг æмæ сæрмагонд хъуыддагкæнынады хайад
Электронон курдиатты фӕдыл бӕрӕг

+7 (8502) 45-41-91 +7 (929) 809-27-77
© 2019 - 2025 Генеральная прокуратура Республики Южная Осетия
Все права защищены.